Мирный (антарктикон станцæ)
Внешний вид
Ацы статья антарктикон станцæйы тыххæй у. Æндæр нысаниуджытæ фен: Мирный (нысаниуджытæ)
![](http://upload.wikimedia.org/wikipedia/commons/thumb/c/c1/2006_Stamp_of_Russia._Mirny.jpg/220px-2006_Stamp_of_Russia._Mirny.jpg)
Мирный у Советон Цæдисы фыццаг антарктикон станцæ, ныр дæр кусы æмæ у æппæт уæрæсейаг станцæтæй сæйрагдæр.
Æппæт афæдзы дæргъы дæр кусы. Сæрды дзы цырынц 160—200 адæймаджы, зымæджы та — 40-50. Рæстæмбис уæлдафы температурæ у −11°C.
«Мирный»-ы станцæйæ ласынц артаг æмæ хойраг мидæггаг станцæмæ («Восток»).