Маслоу, Абрахам Харольд
| Абрахам Харольд Маслоу | |
|---|---|
| англ. Abraham Maslow | |
| | |
| Райгуырды датæ | 1908-æм азы 1 апрелы[1][2][…] |
| Райгуырæны бынат | |
| Мæлæты датæ | 1970-æм азы 8 июны[1][2][…] (62 азы) |
| Мæлæты бынат | |
| Бæстæ | |
| Зонады къабаз | психологи æмæ гуманистон психологи[d] |
| Куысты бынат | |
| Альмæ-матер | |
| Ахуырадон къæпхæн | аивæдты бакалавр[d][5] (2059), аивæдты магистр[d][5] (1931) æмæ философийы доктор[d][5] (1934) |
| Зонадон разамонæг | Гарри Фредерик Харлоу[d] |
| Ахуыргæнинæгтæ | Стив Андреас[d] |
| Хорзæхтæ æмæ премитæ | |
А́брахам Масло́у[6] (англ. Abraham Maslow [ˈmæzloʊ]; райгуырдис 1908-æм азы 1 апрелы, Нью-Йорчы — амардис 1970-æм азы 8 июны, Менло-Парчы, Калифорни) у зындгонд америкаг психолог, гуманистон психологийы бындурæвæрæг. Хъуыстгонд сси «Маслоуы пирамидæ» — адæймаджы цы хъæуы, уый æвдисæг иерархион диаграммæ.
Маслоу уыдис авд сывæллæтты хистæр, райгуырдис Бруклины, дзуттаг бинонтæм. Йæ ныййарджытæ, Самуил Маслов æмæ Розæ Шиловска, ралыгъдысты АИШ-мæ Киевы губернæйæ XX æнусы райдианы.[7] Лæппуйæн фараст азы куы сæххæст, бинонтæ ралыгъдысты дзуттаг сыхæй сахары æндæр районмæ — уæд уый базыдта, антисемитизм цы у, уый. Рæзыдис куыд æфсæрмыгæнæг, нæууæндæг лæппу[8].
Маслоу хорз ахуыр кодта скъолайы æмæ 1926-æм азы йæ къухы бафтыд юридикон колледжмæ бацæуын, йæ фыды фæндиаг. Фæлæ афæдз куы нæма фæци, йæ фæндон раивта æмæ психологимæ йæ цæст æрдардта.
1928-æм азæй Маслоу ахуыр кодта Висконсины университеты, йæ зонадон амонæг дзы уыдис Гарри Харлоу, маймулитæ иртасæг. Уыцы иу аз ус ракуырдта, йæ бинойнаг сси йæ хæстæджытæй чызг Бертæ, кæцыйы уарзта 12-аздзыдæй.
1934-æм азы кусын байдыдта Колумбийы университеты куыд Эдвард Торндайкы ассистент.
1960-æм азты Маслоу сси зындгонд, 1967-æм азы та йæ равзæрстой Америкæйаг психологон ассоциацийы сæрдарæй — йæхæдæг дæр ууыл дис кодта[8].
Литературæ
[ивын | Бындур ивын]- Маслоу А. Мотивация и личность. — СПб.: Питер, 2008
- Шульц Д. П., Шульц С. Э. История современной психологии. — СПб.: Евразия, 2003.
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- 1 2 Abraham Harold Maslow // Brockhaus Enzyklopädie (нем.) — F.A. Brockhaus, 1796.
- 1 2 Abraham Maslow // Store norske leksikon (бук.) — 1978. — ISSN 2464-1480
- ↑ https://www.biografiasyvidas.com/biografia/m/maslow.htm
- ↑ Abraham Maslow (англ.) // Economist — London: The Economist Group, 2008. — ISSN 0013-0613; 1476-8860
- 1 2 3 4 5 6 Notable Names Database (англ.) — 2002.
- ↑ Маслоу / Д. А. Леонтьев // Маниковский — Меотида. — М. : Большая российская энциклопедия, 2012. — С. 285. — (Большая российская энциклопедия : [в 35 т.] / гл. ред. Ю. С. Осипов ; 2004—2017, т. 19). — ISBN 978-5-85270-353-8.
- ↑ Ruth Lewis
- 1 2 Фрейджер, Роберт; Фейдимен, Джеймс. Личность. Теории, упражнения, эксперименты. — Прайм-Еврознак, 2004.