Мархо

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Мархоиронау афтæ хонынц, авд къуырийы чи ахæссы æмæ Комахсæны хæдфæстæ чи райдайы, уыцы Стыр комбæттæнтæ.

Ирон адæмы цардæвæрд, иртасджытæй бирæтæ куыд зæгъынц, афтæмæй комбæттæнтæ уыдысты, ирон адæм, зæгъæн ис, æмæ биноныгæй кæй æххæст кодтой, чырыстон дины уыцы хæрз чысыл хай.

«Чырыстон ирæттæй бирæтæ, — фыста Тыхостаты Иналыхъ, — аргъуаны тыххæй бæлвырд ницы зыдтой, æрмæст дины догматтæ (сæйраг уавæртæ) нæ, фæлæ иу чырыстон куывд дæр нæ зыдтой æмæ не ’мбæрстой чырыстон бæрæгбæтты нысаниуæг, афтæмæй уæддæр æнувыдæй æххæст кодтой чырыстон комдарæнты домæнтæ».