Манагуæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Сахар
Манагуæ
исп. Managua
Тырыса Герб
Тырыса Герб
12°09′ с. ш. 86°16′ з. д.HGЯO
Паддзахад Никарагуæ Никарагуæ
Департамент Манагуæ
Истори æмæ географи
Бындурæвæрд 24 мартъийы (5 апрелы) 1819
Сахар кæдæй 1846
Фæзуат 544 км²
Центры бæрзæнд 83 м
Бæстыхъæд тропикон
Сахатон таг UTC−6:00
Цæрджытæ
Цæрджытæ
Официалон æвзаг испайнаг
Цифрон идентификатортæ
Посты индекс 10000–14345
managua.gob.ni
Манагуæ (Никарагуæ)
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Манагуæ (исп. Managua) у Никарагуæйы сæйраг æмæ стырдæр сахар.

Манагуæйы бындур сæвæрдæуыди 1819 азы. Уæд кæсагахсджыты хъæу уыди. Бæстæйы сæйраг сахар сси 1852 азы[2], уый тыххæй æмæ лæууыд дыууæ ерысгæнæг сахарты ’хсæн (Леон æмæ Гранадæ, кæддæры сæйраг сахартæ).

2007 азы, æнтыстджын ахуырадон программæйы фæрцы, Манагуæ расидти, уый Централон Америкæйы фыццаг сæйраг сахар у, кæцыйы цæрджытæй æппæт кæсын-фыссын зонынц[3].

Номы равзæрд[ивын | Бындур ивын]

Сахары ном Манагуæ фæзынд индейаг дзырд Мана-ахуак-æй. Уый нахуатлаг æвзаджы нысан кæны «доны цур» кæнæ «дон алфамбылай кæм у»[2]. Сахар кæм лæууы, уыцы банаты адæм цардысты æппынкъаддæр 6 мин азы дæргъы.

Сахары цæрджытæ[ивын | Бындур ивын]

2004-м азы бæрæггæнæнтæм гæсгæ Манагуæйы цæры 1,723 милуан адæймаджы.

Географи[ивын | Бындур ивын]

Уымæл тропикон боныхъæд, бæзнаг вулканон мæр æмæ егъау æдзæхх цад фадат дæттынц, цæмæй Манагуæ Централон Америкæйы сæйраг сахартæй тæккæ цъæхдæр уа.

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Никарагуæйы цæрджыты сфыст (2005)
  2. 2,0 2,1 Guía Turística: Managua, La Prensa. Фæстаг фенд 2007-08-11.
  3. Peña, Mariana. Managua está libre de analfabetismo, La Voz del Sandinismo. Фæстаг фенд 2008-02-23.