Перейти к содержанию

Джексон, Майкл

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
(Майкл Джексон-æй æрвыст)
Майкл Джексон
англ. Michael Jackson
Иумæйаг информаци
Æнæхъæн ном Майкл Джозеф Джексон
Райгуырды датæ 1958-æм азы 29 августы(1958-08-29)[1][2][…]
Райгуырæны бынат
Мæлæты датæ 2009-æм азы 25 июны(2009-06-25)[3][1][…] (50 азы)
Мæлæты бынат
Ныгæныны бынат
Бæстæ
Професситæ музыкант, зарæггæнæг, композитор, кафæг, музыкалон продюсер, актёр, бизнесмен, филантроп, сценарист
Сфæлдыстады азтæ 19632009
Хъæлæс тенор[d]
Инструменттæ перкусси
Жанртæ поп, рок, соул, R&B, фанк, диско, EDM, данс-поп, нью-джек-свинг
Коллективтæ The Jackson 5
Лейблтæ Steeltown, Motown, Universal, Sony, Epic, Legacy, MJJ Productions
Автограф
Изображение автографа
michaeljackson.com(англ.)
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Майкл Джо́зеф Дже́ксон (англ. Michael Joseph Jackson; райгуырдис 1958-æм азы 29 августы Гэрийы, Индианæ — амардис 2009-æм азы 25 июны Лос-Анджелесы, Калифорни) уыдис америкаг зарæггæнæг, зарджыты автор, музыкалон продюсер, кафæг, хореограф, актёр, сценарист æмæ амалиуæгдар. Преми «Грэмми» 15 хатты райста, нымад у поп-музыкæйы тæккæ æнтыстджын æххæстгæнæгыл, хонынц æй «Поп-музыкæйы къарол» дæр. Майкл Джексон стыр бавæрæн бахаста нырыккон музыкæ, кафт æмæ модæмæ.

Цардафыст

[ивын | Бындур ивын]

Майкл Джексон райгуырдис чысыл сахар Гэрийы, штат Индианæ, уыд Джозеф æмæ Кэтрин Джексонты æвдæм сывæллон[5][6]. Майкл рæзыди йæ æртæ хойы æмæ фондз æфсымæримæ, бинонтæ цардысты чысыл хæдзары, кæцыйы хицау куыста æндонуадзæн заводы. Йæ уагъд рæстæг Джозеф æрвыста, йе ’мбæлттимæ цы музыкалон къорд Falcons сарæзта, уый мидæг гитарæ цæгъдгæйæ[7]. Джексонтæ уыд Иеговæйы æвдисæнтæй, Майклы мад аргъуанмæ цæуын байдыдта, лæппуйыл дыууæ азы куы цыдис, уæд. Джексонтæ диныл уыдысты тынг æнувыд, ахуыр кодтой Библи, æмбырдтæм цыдысты, гуырæнбонтæ нæ бæрæг кодтой. 1960-æм азты Джозеф сфæнд кодта йæ хистæр фыртты музыкалон коллектив саразын, уыцы къорды фыццаг уыдысты Джеки, Джермейн æмæ Тито. Майкл сæ репетицитæм кастис, фонд азы йыл цалынмæ нæ сæххæст, уæдмæ[7]. Майкл æмæ Марлон къордмæ куы бацыдысты, сæ фыд къорды ном аивта æмæ йæ схуыдта The Jackson 5[7]. Хистæр Джексон уарзта кæрз дисциплинæ, суанг ма йæ сывæллæтты нæмгæ дæр кодта[8]. Майкл Джексон йæ рæстæг фылдæр æрвыста студиты, репетициты, уынгмæ рацæуын æмæ æндæр сывæллæттимæ ахъазын йæ сæрмæ нæ хаста. Астаздзыдæй сси къорды солисттæй иу[8].

Дискографи

[ивын | Бындур ивын]

Студийы конд альбомтæ

[ивын | Бындур ивын]
  • Got to Be There (1972)
  • Ben (1972)
  • Music & Me (1973)
  • Forever, Michael (1975)
  • Off the Wall (1979)
  • Thriller (1982)
  • Bad (1987)
  • Dangerous (1991)
  • HIStory: Past, Present and Future, Book I (1995)
  • Invincible (2001)

Йæ амæлæты фæстæ рацыдысты

[ивын | Бындур ивын]
  • Michael (2010)[9]
  • Xscape (2014)

Чингуытæ

[ивын | Бындур ивын]

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. 1,0 1,1 Michael Jackson // Babelio (фр.) — 2007.
  2. Michael Jackson // Nederlandse Top 40
  3. 3,0 3,1 Michael Jackson Artist Biography by Steve HueyAllMusic.
  4. https://www.europe1.fr/culture/exclusif-voici-lemplacement-exact-du-tombeau-de-michael-jackson-3906414
  5. Huxley, Martin. Michael Jackson: In a Class by Himself(англ.). bmi.com (1 March 2001). Датæ: 2015-æм азы 10 майы. Архив 2014-æм азы 30 октябры.
  6. Brown, Geoff. Michael Jackson: Singer whose personal troubles overshadowed his status as one of pop's greatest performers(англ.). Independent (27 June 2009). Датæ: 2015-æм азы 29 июны. Архив 2013-æм азы 21 июны.
  7. 7,0 7,1 7,2 Young, Julie. A Hoosier Thriller Gary, Indiana's Michael Jackson(англ.) // Traces of Indiana : журнал. — АИШ, Индианæ, 2009. — P. 16—27.
  8. 8,0 8,1 Verdnik, Janette. Michael Jackson: An Icon of His Time(англ.). The Guardian (31 March 2013). Датæ: 2015-æм азы 29 июны. Архив 2014-æм азы 2 ноябры.
  9. Michael Jackson: MICHAEL | The Official Michael Jackson Site(недоступная ссылка). Датæ: 2010-æм азы 31 декабры. Архив 2011-æм азы 3 январы.

Æддаг æрмæг

[ивын | Бындур ивын]