Мазуркæ
Мазуркæ (пол. mazurek) — польшæйаг адæмон кафт.
Кафты ном равзæрдис Мазовийы цæрджытæй — мазуртæй, кæцытæн фæзынд ацы кафт. Музыкалон бæрц у 3/4 кæнæ 3/8, темп у рог. Арæх æмæ цырд акценттæ, кæцытæ рацæуынц дыккаг кæнæ æртыккаг такты хаймæ. XVII-æм æнусы мазуркæ бафтыд польшæйаг зæхкусджыты кæфтыты нымæцмæ. XIX-æм æнусы рапарахат у куыд балон кафт Европæйы бæстыты.
Æцæгæй, ном «мазуркæ» пайда кæны æртæ адæмон польшæйаг кафты нысанкæнынмæ. Сæ фыццаг у мазур. Оберек у мазуры хуыз алы дыккаг такты æртыккаг хайыл акцентимæ. Куявяк у лирикон музыкæ, йæ æртæхайынад у вальсы хайынадмæ ’ввахс; у мæты кæнæ мысæны кафт.
Мазуркæ ахсы зынгæ бынат польшæйаг музыкалон культурæйы аразынады процессы. Мазуркæ классикон музыкæйы æндæртæй фылдæр баст у Ф. Шопены номимæ, кæцы ныффыста 60 мазуркæйы фылдæр.
Уырыссаг музыкæйы бæрæг сты уыцы композитортæ, мазуркæтæ кæцытæ фыстой: Михаил Глинка, Пётр Чайковский, Анатолий Лядов, Александр Скрябин, Александр Глазунов.
Композитор Пуни балет «Конёк-горбунок»-æн музыкæ куы фыста, уæд фæстаг архайды йæхи мазуркæйæн пайда кодта зарæг «Жил-был у бабушки серенький козлик»-æй.