Мады Майрæмы кувæндон (Куырттаты ком)

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Мады Майрæмы кувæндон

Мады Майрæмы кувæндон ис Цæгат Ирыстоны, Цъæззиу æмæ Хилачъы комы астæу.

Мады Майрæмы кувæн бон вæййы фыццаг къуырисæры хурхæтæны мæйы. Уырдæм кувынмæ цыдысты Калотæ, Быгъуылтæ, Андиатæ, Гуытъиатæ, Хæрисджын, Къорайы хъæутæй, стæй Куырттаты комæй. Уыцы кувæндонмæ адæм фылдæр куывтой сæ сывæллæтты тыххæй.[1]

Кувæндоны цур, къæдзæхы сæрыл хохаг дурæй амад мæсыг. Уыцы мæсыг æмæ кувæндон адæм хонынц «Уæлæмæсыг» Мады Майрæмы кувæндон.[1]

Кувæндон ногæй рацарæзтой 1905 азы æмæ дзы уæд цы фыстытæ ныууагътой, уыдон æй аргъуанмæ феввахсдæр кодтой.[2]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. 1,0 1,1 Мырзаганты Махар. Ивгъуыд фæлтæрты царды æвдисæнтæ // Стыр Ныхас № 1 (547) 2018 январь
  2. Уæлæмæсыджы Уастырджиæмæ Мады-Майрæм // «Рæстдзинад», №92, 2017 азы 27 май