Маги

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Маги — адæймаджы æрдз, адæм, цæрæгойтæ æмæ дзуæрттыл æндавын æмæ ахадыны уырнындзинадимæ баст чи у, ахæм бæрæг фæтк æмæ æгъдæуттæ. Маги архайды хицæн хуызтæ баст сты адæмы царды хицæн къабæзтимæ. Адæймагæн-иу амал, фадат куы нæ уыди, кæнæ-иу исты хъуыддаджы йæ зæрдæ йæхиуыл куы нæ дардта (бæркад тыллæг æрзайын кæнын, хæдзары фос бахъахъхъæнын, цуаны æнтыстджын уæвын, низæй хи бахизын æмæ æнд.ах.), уæд-иу фæлвæрдта, магийы фæрцы, цы уæлæрдзон тыхтыл æууæндыд, уыдон æххуысæй кæнæ бæрæг архæйдтыты руаджы йæ нысан йæ къухы бафта. Маги у æппæт динон уырнындзинæдты æнæфæхицæнгæнгæ хай æмæ æвдыст цæуы динон фæтк æмæ æгъдæутты.

Ирон этнографийы маги ирд цæвиттонтæ сты, зæгъæм, цуанæтты иу къорд ритуалон архайды цуаны размæ, (сæ нысан уыдис цуаны цыд фæрæстмæ кæнын), цуанæтты сусæг æвзаг; бæлвырд ритуалон архайд Уациллайæ къæвда кургæйæ; ноджы иу къорд архайды, цæмæй æвгъæды бадæджы хъуыддæгтæ хорз ацæуой æмæ а.д. Ирон фыдæлтыккон æхсæнады магион æгъдæутты æххæстгæнджытæ уыдысты дæснытæ, къамæйфæрсджытæ, кæлæнгæнджытæ, хатгай та куырдтæ, стæй дзуары лæгтæ. Дзуары лæгтæй хъауджыдæр иннæтæм уыдис «уынгæг» дæсныйад. Дзуары лæгтæн та сæ æхсæнадон уавæрмæ гæсгæ уыдис уæрæх профессионалон авналæнтæ алыхуызон маги архайдтыты фæрцы сæ алфамблайы дунейыл ахадынæн.