Перейти к содержанию

Мæлæтмондæгтæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Shigurui (яп. シグルイ) — «Мæлæтмондæгтæ»Одержимые смертью») у — мангæты сериал, илл.страцигонд æрцыд Такайуки Ямагучийæ, бæстонгонд у Нарио Нанджойы чиныг Suruga-jo Gozen Jiai-йы фыццаг хайыл. Анимацигонд теле-адаптаци, бындурæвæрд мангæйы фыццаг 32 хайыл, WOWOW телекомпанийæ рауагъд 19 июлы 2007 — 12 октябрмæ 2007. Мультхæйтты режиссёр у Хироши Хамасаки, сценарист Сеиши Минаками æмæ продюсгонд Madhouse Studio-йæ. Сериал зындгонд у реалистон фыдми æмæ эротикон сценæтæй.

Истори райдайы 1629 Шизуокайы, Токугава Таданагайы барады рæстæджы. Даймё скæнын кодта турнир æмæ дзы й' архайджытæ боккенты (хъæдын-цирхъ) бæсты æцæг хъаматæй хъуамæ хæцыдаиккой æмæ уыцы карзвæнд уыд йæ вассалты ныхмæ. Хабар зылд цæуы фыццаг матчы, иу-армон æхсаргардджын Фуджики Генносуке æмæ куырм самурай Ирако Сейгены уæлхъус, æмæ æвдисы ивгъуыд цаутæ, кæдон тыххæй æуцы дыууæ хæстонлæджы фæзындысты Токугаваты турнирмæ.

Генносуке Фуджики — Коганы доджойы хъæбатыр ахуыргæнинаг. Ацы рæстæджы йæ Сейгенимæ дуелы йыл иу цонг ис æрмæст. Фæлæ бæрæггонд у йæ фæсонты хæцъæфтæ дæр афтæ фидар кæй сты æмæ йын дыккаг къухы бæсты баланс æмæ тыхæй æххуыс кæнынц. Фуджики тынг иузæрдион у Коганмæ, йæ мастермæ, æмæ у æппæты фыццаг претендент, цæмæй йын йæ марды фæстæ йæ бынат бацахса.