Лопес Перес, Ригоберто
Внешний вид
Ригоберто Лопес Перес | |
---|---|
исп. Rigoberto López Pérez | |
Райгуырды датæ | 1929-æм азы 13 майы |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты бон | 1956-æм азы 21 сентябры (27 азы) |
Мæлæты бынат | |
Æмбæстонад (дæлхицауад) | |
Архайды хуыз | поэт, композитор, фыссæг, журналист |
Уацмысты æвзаг | испайнаг |
Ригоберто Лопес Перес (исп. Rigoberto López Pérez; 1929-æм азы — 1956-æм азы 21 сентябры, Леон, Никарагуæ) — никарагуæйаг поэт, композитор æмæ растæг, диктатор Анастасио Сомосайы амарæг.
Ригоберто йæ хæлæртты къордимæ бадзырдтой диктатор Анастасио Сомоса амарын стæй революци саразын. 21 сентябры кадджын изæры рæстæг Ригобертойы къухы бафтыд диктатормæ бахæстæг уын æмæ йæ дамбацайæ фехсын. Уыцы иу ран æрыгон революционер бирæ цæфтæй фæмард, фæлæ йæ цыппар нæмыджы Сомосайы буармæ бацыдысты.
Сомосайы аластой Панамæйы къанауы госпиталмæ, фæлæ уым дæр не сдзæбæх и æмæ аст боны фæстæ 29 сентябры амард. Никарагуæйы ног президент сси йæ фырт, Луис.
Æддаг æрмæг
[ивын | Бындур ивын]- Александр Тарасов «Между вулканами и партизанами: Никарагуанский пейзаж» (уырыс.)
- Тибор Шебеш «Утро второго дня» журнал «Вокруг Света» (уырыс.)
Категоритæ:
- 13 майы чи райгуырдис, уыдон
- 1929-æм азы чи райгуырдис, уыдон
- Никарагуæйы Леоны чи райгуырдис, уыдон
- 21 сентябры чи амардис, уыдон
- 1956-æм азы чи амардис, уыдон
- Никарагуæйы чи амардис, уыдон
- Зындгонд адæм алфавитмæ гæсгæ
- Фысджытæ алфавитмæ гæсгæ
- Никарагуæйы революционертæ
- Никарагуæйы поэттæ
- Никарагуæйы композитортæ