Ломпадь
Внешний вид
Ломпадь у Калугæйы облæсты стырдæр аразгæ цад, йæ иу былыл лæууы сахар Людиново (уый тыххæй Людиновойы донуат дæр æй хонынц). Цады фæзуат у 8,7 км², йæ арфдæр бынаты и 13-16 м[1], æппæт доны бæрцуат — 30 млн. м³.
Донуат сарæзтæуыд амалгæнæг Никитæ Демидовы фæндмæ гæсгæ XVIII æнусы.
Ломпады цад æмæ йæ рæсугъд алфамбылæйттæ сты Калугæйы облæсты сæрмагондæй хъахъхъæд территориты номхыгъды.