Легойтæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Легойтæ (уырыс. Легоевы) сты дыгурон мыггаг.

Равзæрд[ивын | Бындур ивын]

Легойты мыггаг равзæрд Туйгъанты мыггагæй. Туйгъанты Генардухъ, дам, йæ дыккаг ус Легойы ныууагъта æмæ Лего йæ сывæллонимæ æрцард Дзинагъайы хъæуы. Фырт ын райгуырд, куы сыстыр и, уæд йæ мады ном райста йæхицæн мыггагæн — Легойтæ.[1]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.