Къолотæ
Внешний вид
Къолотæ (уырыс. Колоевы) сты дыгурон мыггаг.
Равзæрд
[ивын | Бындур ивын]Ацы мыггаджы хистæртæ куыд дзурынц, уымæ гæсгæ Доныфарсы цæрæг Къолотæн сæ рагфыдæл Къоло цард Гуырдзыйы. Уым раскъæфта гуырдзиаг чызг æмæ Дыгуры комы, Доныфарсмæ æрцард. Ам сын райгуырд фараст фырты. Уыдон куы сыстыртæ сты, уæд сæ фыды номæй, Къолотæ, зæгъгæ, скодтой сæ мыггаг. Дыууæ æфсымæрæй Доныфарсæй Цæцæн-Мæхъæлмæ алыгъдысты, æмæ уым дæр фæзынд Къолоты мыггаг. Иннæ æфсымæртæ цардысты Доныфарсы. Чидæртæ сæ алыгъд Лескенмæ.[1]
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.