Къозыр

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Къозыр — хъазæн къамы хуыз, кæцы, хъазты уагæвæрдмæ гæсгæ, вæййы хистæрыл нымад рард уæрсты, кæнæ алы уæрстыты. Иннæ хуызтæй алы къамы дæр мары.

Кæцыдæр хъæзтыты-иу къозыр æвзæрстæуы æнæнхъæлæджы: райуæрсты фæстæ-иу къам систæуы æмæ æрывæрдæуы йæ нывæй хæрдмæ, йæ „хæдонæй“ нæ, фæлæ. Къамтæ иууылдæр кæцы хъæзтыты байуæрстæуынц (дурак, козёл) уым къозыр батъыссынц къалодæйы бын æмæ ист æрцæуы æппæты фæстаг; æндæр хъæзтыты æнæивгæйæ баззайы. Иннæ хъæзтыты, зæгъæм, преферанс, кæнæ тысячайы, къозыр зæгъы хъазджытæй иу.