Къогъо

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Къогъо
Къогъо
Зонадон классификаци
Паддзахад: Цæрæгойтæ
Тип: Бирæкъахджынтæ
Кълас: Сасчытæ
Къорд: Дыбазыронтæ
Бинонад: Къогъо
Латинаг ном
Culicidae Meigen, 1818
ITIS 125930
NCBI 7157

Къогъо[1] кæнæ дзынга[1] (лат. Culicidae, уырыс. Комары) — дыбазырон сасчыты бинонад.

Антарктидæйы йеддæмæ къогъотæ цæрынц алы континентыл дæр[2]. Цæгатаг зæххыты къогъотæ азы фылдæр хай нæ тæхынц, фæлæ цы цыбыр сæрд дзы вæййы, уый дæргъы тынг сбирæ вæййынц — иу карибуйæ (цæгатаг сагæй) бон фæнуазынц 300 мл онг туг[3].

Къогъотæ пырх кæнынц иуæй-иу хæцгæ низтæ, уыдоны ’хсæн тæфсæг (тæфсæджы къогъо).

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. 1,0 1,1 Абайты Васо. Ирон æвзаджы историон-этимологион дзырдуат. I том. ССРЦ-ы Зонæдты Академийы рауагъдад. Мæскуы-Ленинград, 1958.
  2. Mullen, Gary; Durden, Lance. Medical and Veterinary Entomology (неопр.). — London: Academic Press, 2009.
  3. Fang, Janet. Ecology: A world without mosquitoes (англ.) // Nature. — Nature, 2010. — 21 July (vol. 466, no. 7305). — P. 432—434.