Къаппа-къуппа

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Къаппа-къуппа

Къаппа-къуппа (лат. Taraxacum) у, астрæты мыггагмæ чи хауы, ахæм бирæазон халхуыз зайæгой. Ацы кæрдæг у æхсырджын, уымæ гæсгæ ма йæ хонынц æхсыргæрдæг дæр, æхсырæг.[1]

Къаппа-къуппайы сыфты æмæ уидæгты дон адæймаджы суæнгрог кæны. Йæ ахсæны туагад нормæйæ фылдæр кæмæн у, уымæн æххуыс у йæ фæныллæгдæр кæнынмæ калий, кальций, натрий, магний æмæ дзы æндæр элементтæ кæй ис, уый руаджы. Хорзырдæм ауды æнхъæлцау сылгоймæгты хиæнкъарынадæн, сæ мидæг гуырдз цæмæй æнæниздæр уа æмæ тагъддæр байрæза, уымæн.

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Дзабиты 3арбег. Ирон адæмон хостæ. — Дзæуджыхъæу: Ир, 1995 — 201 ф.