Къæбысты Зауыр

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Къæбысты Зауыр
Райгуырды датæ 1936-æм азы 27 июлы(1936-07-27)
Райгуырæны бынат
Мæлæты бон 2014-æм азы 9 сентябры(2014-09-09) (78 азы)
Æмбæстонад (дæлхицауад)
Архайды хуыз фыссæг
Уацмысты æвзаг ирон

Къæбысты Зауыр (райгуырдис 1936-æм азы 27 июлы Хуссар Ирыстоны Раройы хъæуы — амардис 2014-æм азы 9 сентябры) у ирон фыссæг, ныффыста фыццаг фантастикон роман иронау («Фæстаг маймули», 1977).

Хуссар Ирыстоны культурæйы сгуыхт кусæг, Хуссар Ирыстоны Фысджыты цæдисы уæнг. Мыхуырæй рацыдысты йæ 11 чиныджы, уыдонæй 5 сты романтæ.

Къæбысты Зауыр йæ цардæй ахицæн 2014-æм азы 9 сентябры.

Цитатæ[ивын | Бындур ивын]

Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы æз къаннæг лæппу уыдтæн. Мæ зæрдæйы абон дæр нæма рафтыдысты, хæстæй нæ хъæумæ цы уæззау хабæрттæ хъуыстысты, æппæт уыдон. Уæдæй фæстæмæ мæ зæрдæмæ арф айстон иу хабар. Адæймагадæн зæххыл иууыл стырдæр æнамонддзинад æрхæссы хæст.
Къæбысты Зауыр, роман «Фæстаг маймули»-йы разныхас.

Æддаг æрмæг[ивын | Бындур ивын]