Къæбултæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Къæбултæ (уырыс. Кабуловы, Кабулашвили[1], Кубулашвили[2]) сты ирон мыггаг.

Равзæрд[ивын | Бындур ивын]

Таурæгъмæ гæсгæ, Цæразонтæм чи хауд, ахæм æртæ æфсымæры Сиукъа, Къæбул æмæ Цъæхил цардысты Нузалы. Æфсымæртæн сæ кæстæр — Цъæхил уым кæйдæр амардта æмæ сын уым цæрæн кæй нал уыд, уымæ гæсгæ алыгъдысты Хуссар Ирмæ, æрцардысты хохаг хъæу Гудисы. Раздæр ацы хъæу хуынд Худис. Ам æфсымæртæ устытæ ракуырдтой, цæуæты хицæуттæ систы æмæ сæ нæмттæй мыггæгтæ скодтой, афтæмæй фæзынди мыггæгтæ: Сиукъатæ, Къæбултæ æмæ Цъæхилтæ. Хохы сæрмæ уыд сæ дзуар — Мыкалгабыр. Æфсымæртæ Гудисы бирæ рæстæг фæцардысты. Куы сбирæ сты, уæд фæйнæрдæм фæлыгъдысты зæххагур. Къæбултæ алыгъдысты Маралетмæ (Цхинвалы район). Сиукъатæ, Къæбултæ æмæ Цъæхилтæ нымад сты тугæй хæстæг æрвадæлтыл.[3]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005, 210-æм ф.
  2. Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъон ирон мыггагон нæмтты тыххæй. Ирон мыггæгты иууон номхыгъд
  3. Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.