Криогеникæ
Внешний вид
Криогеникæ — ныллæг температурæты хай физикæйы, уæлдай-ныллæг (криогенон) температурæты, алыхуызон буарадты миниуджыты, ивынады фæткбæрцад иртасæг. Уымæй уæлдай ма ацы терминæй хуынд цæуынц технологитæ æмæ куысты апаратон-методикон фæрæзтæ ныллæг температурæты уавæрты.
1971-æм азы Уазалы æхсæнадæмон академи сбæлвырд кодта рекомендаци, кæцымæ гæсгæ криогенон температурæтыл нымад цæуынц температурæтæ Кельвины 120-æй дæлдæр (æрдзон газы конденсацийы температурæ) — 0,7 К-мæ (тæнгъæд гелий вакуумы райсыны температурæ). Алкæцы температурæ 0,3 К-йæ дæлдæр нымад цæуы — фыр-ныллæг температурæтыл æмæ-иу сæ райсынæн спайдауы æруазалкæнæны сæрмагонд метод.