Перейти к содержанию

Коцты Станислав

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Коцты Станислав
1999 — 2004
2011-æм азы 9 июны — 2011-æм азы 5 октябры
2012-æм азы 2 июлы — 2014-æм азы 23 июны
Райгуырдис 1954-æм азы 7 апрелы(1954-04-07) (70 азы)
Парти
Ахуырад
Архайд политик[d]
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Коцты Яковы фырт Станислав (райгуырдис Куртайы хъæуы 1954-æм азы 7 апрелы[1]) у Хуссар Ирыстоны V æвзæрсты парламенты сæрдар.

Цхинвалы астæуккаг скъола №6 каст фæуыны фæстæ ахуыр кодта Хуссар Ирыстоны паддзахадон педагогон институты истори æмæ англисаг æвзаджы факультеты. 1978-æм азæй амыдта Уæрæсейы истори пединституты студенттæн[1]. 1991-94 азты ахуыр кодта Бакуйы Политологи æмæ социалон иртасæнты институты[1].

1989-æм азы кусын байдыдта партийы Хуссар Ирыстоны обкомы — партийы контролы комитеты, стæй та идеологийы хайады.

1990-æм азæй 1999-æм азы онг уыдис Хуссар Ирыстоны информаци æмæ мыхуыр министр[1].

1993-æм азы мартъийæ ныры онг у Хуссар Ирыстоны коммунистон партийы разамонæг[1].

Æвзæрст æрцыдис республикæйы парламентмæ цалдæр хатты: I, III, IV æмæ V æвзæрстыты депутат. 1999-2004 æмæ 2009-æм азæй фæстæмæ у парламенты сæрдар[1] (2004-2009 уыцы бынаты куыста Гасситы Знауыр).

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]