Конукоев, Назир Титуйы фырт
Назир Титуйы фырт Конукоев | |
---|---|
Райгуырды датæ | 1916-æм азы 10 майы |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты датæ | 1975-æм азы 30 октябры (59 азы) |
Мæлæты бынат | |
Æфсæддон куысты азтæ | 1935—1954 |
Хуындад | лейтенант[d] |
Хорзæхтæ æмæ премитæ |
Назир Титуйы фырт Канукоев (райгуырдис 1918-æм азы 10 майы — амардис 1975-æм азы 30 октябры) уыд советон тæхæг-куыннæггæнæг, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг. Советон Цæдисы хъæбатыр.
Цардафыст
[ивын | Бындур ивын]Назир Канукоев райгуырдис бирæсывæллонджын кæсгон мыггагæн 1918-æм азы Лечинкайы хъæуы, ныртæккæ уыцы хъæу хауы Кæсæг-Балхъары Чегемы районмæ. Назиры ныййарджытæн уыдис æдæппæт цыппар лæппуйы æмæ фондз чызджы. Лæппу сывæллонæй бауарзта хæстон формæ, тынг æй фæндыди Сырх Æфсады службæ кæнын, уæлдайдæр бæхæфсæддон суæвын.
1935-æм азы уый бацыдис Дзæуджыхъæуы фистæгæфсæддон училищемæ, стæй та — Тбилисы æфсæддон училищейы бæхæфсæддон хайадмæ. Канукоев лейтенанты цин куы райста, уæд арвыстæуыд Белоруссийы сæрмагонд æфсæддон зылдмæ, уым разамынд лæвæрдта бæхæфсæддонты взводæн, фæстæдæр полчъы скъолайы куыста.
1941-æм азы майы Генералон штабы сидтмæ гæсгæ æрвыст æрцыдис Краснодары хæстон-авиацион скъоламæ. Уый фæстæ та ахуыр кодта Тамбовы æмæ Ульяновсчы, авиазвенойы хицæу суæвынæн.
Тæхын райдыдта Як-1 хæдтæхæгыл, кæцы уыд Саратовы облæсты сахар Вольсчы лæвар паддзахадæн. 1974-æм азы уый тыххæй сси уыцы сахары кадджын гражданин. Назир Канукоев 229 тохы ратахты скодта, йæхæдæг схауын кодта æзнæджы 14 хæдтæхæджы[1], дæрæн кодта зæххыл транспорт дæр — иу паровоз.
Фыдыбæстæйы Стыр хæсты фæстæ Назир Канукоев йæ службæ адарддæр кодта æмæ сси авиаполчъы къамандыгæнæджы хæдивæг. 1961-æм азæй 1975-æм азы онг куыста Нацыччы пансионат «Заря»-йы директорæй. Амардис 1975-æм азы 30 октябры, цыдис ыл 60 азы.
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ М. Ю. Быков. Все Асы Сталина 1936—1953 гг.. — Научно-популярное издание. — М.: ООО «Яуза-пресс», 2014. — 1392 с. — (Элитная энциклопедия ВВС). — 1500 экз. — ISBN 978-5-9955-0712-3.
Литературæ
[ивын | Бындур ивын]- Герои Советского Союза: Краткий биографический словарь / Пред. ред. коллегии И. Н. Шкадов. — М.: Воениздат, 1987. — Т. 1 /Абаев — Любичев/. — 911 с. — 100 000 экз. — ISBN отс., Рег. № в РКП 87-95382.
- 10 майы чи райгуырдис, уыдон
- 1916-æм азы чи райгуырдис, уыдон
- Советон Цæдисы чи райгуырдис, уыдон
- 30 октябры чи амардис, уыдон
- 1975-æм азы чи амардис, уыдон
- Налцыччы чи амардис, уыдон
- Советон Цæдисы хъæбатыртæ
- Ленины ордены кавалертæ
- Сырх Стъалыйы ордены кавалертæ
- Зындгонд адæм алфавитмæ гæсгæ
- СЦКП-йы уæнгтæ
- Чегемы районы чи райгуырдис, уыдон