Колыты Витали

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Колыты Витали

Колыты (Колиты) Оледжы фырт Витали (райгуырдис 1959-æм азы, Æхсæрысæры) у ирон фыссæг, фыссы дыгуронау.

Колыты Витали райгуырдиc Дыгургомы, Æхсæрысæр, зæгъгæ, уыцы хъæуы. Каст фæцис Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты филологион факультеты ирон-уырыссаг хайад. Куыста Горæтгæрон районы газеты бæрнон нымæрдарæй. 1991 азæй фæстæмæ та у журнал «Ирæф»-ы бæрнон нымæрдар.

Уацмыстæ[ивын | Бындур ивын]

  • Уаза. Æмдзæвгæтæ (дыгуронау). Дзæуджыхъæу, «Ир», 1991;
  • Сæхолæ. Æмдзæвгæтæ (дыгуронау). Дзæуджыхъæу, «Ир», 1997;
  • Мæ царди нивæ. Æмдзæвгæтæ (дыгуронау). Дзæуджыхъæу, «Ир», 2006.