Перейти к содержанию

Качиньский, Лех

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Лех Качиньский
пол. Lech Kaczyński
2005-æм азы 23 декабры — 2010-æм азы 10 апрелы
Раздæр чи уыд Александр Квасьневский[d]
Фæстæдæр Бронислав Коморовский
2002-æм азы 18 ноябры — 2005-æм азы 22 декабры
Раздæр чи уыд Wojciech Kozak[d]
Фæстæдæр Mirosław Kochalski[d]
1991 — 1993
2000-æм азы 12 июны — 2001-æм азы 4 июлы
Раздæр чи уыд Ежи Бузек[d]
Фæстæдæр Stanisław Iwanicki[d]
1989 — 1991
1991-æм азы 25 ноябры — 1993-æм азы 31 майы
Райгуырдис 1949-æм азы 18 июны(1949-06-18)[1][2][…]
Амардис 2010-æм азы 10 апрелы(2010-04-10)[1][2][…] (60 азы)
Ныгæныны бынат
Мыггаг Качиньские герба Помян[d]
Фыд Раймунд Качиньский
Мад Ядвигæ Качиньская
Æмкъай Мария Качиньская
Сывæллæттæ чызг: Мартæ
Парти
Ахуырад Варшавæйы университет
Ахуырадон къæпхæн хабилитаци[d][4] (1990-æм азы 1 январы)
Професси юрист
Дин католицизм[5]
Къухæрфыст Изображение автографа
Сайт president.pl/en/
Кæм куыста
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Качи́ньский Лех Алекса́ндр (пол. Lech Aleksander Kaczyński; райгуырдис 1949-æм азы 18 июны Варшавæйы, Польшæйы — амардис 2010-æм азы 10 апрелы Смоленсчы облæсты, Уæрæсейы) — польшæйаг юрист æмæ политик, Варшавæйы мэр (20022005), 2005-æм азы октябрæй йæ амæлæты онг уыдис Польшæйы президент.

13 азы йыл куы цыдис, уæд 1962-æм азы йæ фаззон æфсымæр Ярославимæ ахъазыд сæйраг ролтæ сывæллæтты популярон фильмы «Мæй чи аскъæфта, уыцы дыууæйы тыххæй» (пол. O dwóch takich, co ukradli księżyc).

Ахуыр кодта Варшавæйы университеты юридикон факультеты, 1972-æм азы дзы райста магистры къæпхæн. 1979-æм азы бахъхъæхъæдта докторы диссертацы Гданьсчы университеты, уым куыста профессорæй 1990-æм азæй фæстæмæ.

1977-æм азæй фæстæмæ уыдис оппозициимæ баст, куыста профцæдис «Солидарность»-ы.

Йæ фаззон æфсымæр Ярославимæ 2001-æм азы сарæзта ног парти — «Бар æмæ рæстдзинад». Фæдылдзу азы рамбылдта Варшавæйы мэры бынатмæ æвзæрстыты. Йæ администрацийы уынаффæтæй иу уыдис йæ партийы хъæппæрисæй Варшавæйы фæзтæй иуæн Джохар Дудаевы ном радтын (2005-æм азы мартъийы).

2005-æм азы октябры æвзæрст æрцыдис Польшæйы президенты бынатмæ.

2010-æм азы 10 апрелы, Смоленскмæ тæхгæ-тæхын, йæ 1990-æм азы уагъд президентон хæдтæхæг асастис, куыд æнхъæл у, мигъы аххосæй. Хæдтæхæджы цы 97 адæймаджы уыдис, уыдон æппæтæй амардысты, семæ Лех Качиньский дæр[6].

Качиньскийы амæлæты фæстæ йæ хæстæ æххæст кæны Бронислав Коморовский, 1954-æм азы гуырд Польшæйы Сеймы сæрдар.

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. 1,0 1,1 Internet Movie Database (англ.) — 1990.
  2. 2,0 2,1 Lech Kaczyński // Брокгаузы энциклопеди (нем.)
  3. Deutsche Nationalbibliothek Иумæйаг нормативон контроль (GND) (нем.) — 2012—2016.
  4. Polish Science
  5. https://www.prezydent.pl/kancelaria/archiwum/archiwum-lecha-kaczynskiego/tym-ktorzy-odeszli/katastrofa-samolotu-kronika-wydarzen/uroczystosci-pogrzebowe-w-krakowie,24841
  6. http://mchs.gov.ru/emergency/detail.php?ID=31710& Архивгонд æрцыдис 1 июлы 2012 азы. (уырыс.)