Перейти к содержанию

Кастро, Сиприано

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Сиприано Кастро
Райгуырдис 1858-æм азы 12 октябры(1858-10-12)[1][2][…]
Амардис 1924-æм азы 4 декабры(1924-12-04)[1] (66 азы)
Ныгæныны бынат
Сывæллæттæ Роса Кастро[d]
Дин ромаг католик[d]
Къухæрфыст Изображение автографа
Хуындад инæлар
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Сиприано Кастро Руис (исп. Cipriano Castro Ruiz; 1858-æм азы 12 октябры1924-æм азы 4 декабры) уыд Венесуэлæйы хæстон æмæ политикон архайæг, уыцы бæстæйы 37-æм президент (18991908). Уый сси фыццаг андаг хохаг, Венесуэлæйы президент чи сси, ахæм. Сиприанойы фæстæ 4 æндæр президенты уыдысты йæ штат Тачирæйæ.

Президент сси, уый кæй сæргъы уыдис, уыцы растады (Revolución Liberal Restauradora) фæстиуæгæн. Йе ’фсад Каракасмæ бацыд 1899-æм азы.

1908-æм азмæ Кастро сифилисæй фæрынчын æмæ ацыд Парижмæ, йæхи дзæбæх кæнынмæ. Уыцы рæстæг, Венесуэлæйы кæй ныууагъта йæ хæстæ æххæстгæнæгæй, уыцы Хуан Висенте Гомес йæхæдæг сси паддзахады президент. Кастро баззад æцæгæлон бæстæты, тых фæстæмæ байсынмæ хъавыд, фæлæ йын никуыуал бантыст. Уый фæмард 1924-æм азы сакъадах Пуэрто-Рикойы.

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. 1,0 1,1 Cipriano Castro // Encyclopædia Britannica (англ.)
  2. Cipriano Castro // Брокгаузы энциклопеди (нем.)