Касаты Батрадз

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Касаты Батрадз
Райгуырды датæ 1950-æм азы 18 майы(1950-05-18) (73 азы)
Райгуырæны бынат хъæу Нарон, Хетæгкаты Къостайы район
Æмбæстонад (дæлхицауад)
Архайды хуыз журналист, поэт, тæлмацгæнæг
Здæхт уацмыстæ
Уацмысты æвзаг ирон æвзаг
Æддаг видео
Касаты Батрадз радзуры йæ царды хабæрттæ (телеуынынады алæвæрд, 2019-æм аз)
https://iryston.tv/teleproject_release/kasaty-batradz/

Касаты Георгийы фырт Батрадз райгуырдис 1950-æм азы Хетæгкаты Къостайы районы Нароны хъæуы (ныртæккæ уыцы районæн ис æндæр ном æмæ хауы Мæхъхъæлы Республикæмæ). Фæстæдæр Касаты бинонтæ ралыгъдысты Олгинскæмæ. Ам Батрадз каст фæци астæуккаг скъола æмæ дыууæ азы æфсады фæуыны фæстæ кусын райдыдта заводы.

19731978 азты ахуыр кодта Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты филологон факультеты. Каст æй куы фæци, уæд кусынмæ бацыдис республикæйы телевизион студимæ (19781984), стæй раивта газет «Рæстдзинад»-ы редакцимæ (19841986). Ноджы куыста ЦИПУ-йы чиныгуадзæны (19891993), Цæгат Ирыстоны радиойы. 19932015 азты уыди республикæйы парламенты аппараты культурæйы комитеты консультант[1]. 2015-æм азæй фæстæмæ та кусы газет «Рæстдзинад»-ы уацхæссæгæй.

Батрадз литературон куыстыл фæцалх, скъоладзау ма куы уыди, уæд. 1985 азы йын чиныгуадзæн «Ир»-ы рацыд æмдзæвгæты æмбырдгонд «Уалдзæджы хъæр», 1994 азы — «Зилдухæнтæ», 2008 азы та — «Удцырагъ». Газет «Рæстдзинад»-ы фæзындис уыцы фæстаг æмбырдгонды тыххæй Абайты Эдуарды рецензи[2].

Литературæ[ивын | Бындур ивын]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Ирон поэзийы антологи. // «Мах дуг», №3/2008.
  2. Рæстдзинад №241, 2008 азы 25 декабрь, ф. 4.