Перейти к содержанию

Картлис цховреба

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

«Картлис цховреба» (гуырдз. ქართლის ცხოვრება — «Картлийы/Гуырдзыстоны цард») у æстæуккаг æнусты фыст гуырдзиаг азгайфыстыты æмбырдгонд, у гуырдзиаг историйыл иууыл ахсджиагдæр ратæдзæн. Сфæлдыстæуыд XII æнусы.[1]

Гуырдзыстоны историйæ йеддæмæ стыр ахадындзинад йын ис Ирыстоны историйы иртасæнты: кæд иу алайнаг азгайфыст дæр нæ рæстæгмæ нæ фервæзт, Картлис Цховребайы ис ссарæн аллон паддзæхты æмæ аллон паддзахады цауты кой дæр: Урдуре, Дургулел, Ос-Бæгъатыр æмæ æндæртыл.[2]

Азгайфыст

[ивын | Бындур ивын]

Азгайфыст æрæмбырдæуыд бирæ æндæрхуызон фыстытæй, кæцытæ фыст æрцыдысты IX—XIV æнусты. Сæ рафысты рæстæг æмæ чи сæ ныффыста, уый зонынадон æхсæнæды у æппынæдзух быцæуты сæр. Ахсджиагдæр автортыл нымайынц Леонти Мровели æмæ Джуаншер Джуаншерианийы. Кæд бирæ ахуыргондтæ æнхъæлынц, йæ фыццаг рауагъд XI æнусы кæй æрцыд, цалдæртæ, кæй æхсæн ахсджиагдæр бынат ахсы профессор Кирилл Туманов, афтæ æнхъалынц, æмæ 800-æм азмæ ’ввахс йæ фыссын байдыдтой. Йæ æрыгондæр тексттæ фыст æрцыдысты XIV æнусы. Каноныл кæй нымайынц, уыцы верси æрфидар кодта Картлийы паддзах Вахтанг VI XVIII æнусы.[1]

Къухфыстытæ

[ивын | Бындур ивын]

Ныры рæстæджы кæмæй пайда кæнынц, уыцы къухфыстытæ сæхæдæг сты æрыгон: уыдонæн сæ рагондæр хуыйны Анасеули кæнæ Анна-ус-паддзахы къухфыст, æрфыстæуыд 1479-1495 азты фæлтæры. Æндæр къухфыст ис ноджы æрыгондæр, хуыйны Мариамисеули кæнæ Мариам-ус-паддзахы къухфыст, æрфыстæуыд 1633-1645/1646 азты. Фæлæ уыдонæй йеддæмæ ма ис Картлис цховребайы сомихаг тæлмæц, кæцы хуыйны Гуырдзиæгты истори (Patmut'iwn Vrats'): уый, иртæсджытæм гæсгæ, тæлмацгонд æрцыд XII æнусы, йæ рагондæр ирвæзгонд къухфыст та фыст æрцыд 1279-1311 азты.[1]

Ирон ном Гуырдзиаг ном Гуырдзиаг номы транслитераци Рафыссæны рæстæг Авторы ном Цы рæстæгыл дзуры
Картлийы паддзæхты цард ცხოვრება ქართუელთა მეფეთა tskhovreba kartuelta mepeta XI æнус Леонти Мровели V æнус нæ дуджы æгъоммæ — IV æнус ныры дуджы
Вахтанг Горгасалийы цард ცხოვრება ვახტანგ გორგასლისა tskhovreba vakhtang gorgasalisa XI æнус Джуаншер Джуаншериани V-VIII æнустæ
Арчилы хъизæмардзинад წამება წმიდისა და დიდებულისა არჩილისი tsameba tsmidisa da didebulisa archilisi XI æнус Леонти Мровели кæнæ Джуаншер Джуаншериани 736–786
Картлийы хроникæ მატიანე ქართლისა matiane kartlisa XI æнус æнæном автор 786–1072
Паддзæхты паддзах Давиды цард ცხოვრება მეფეთ მეფისა დავითისი tskhovreba mepet mepisa davitisi XII æнус æнæном автор 1072–1125
Багратионты цард æмæ таурæгъ ცხოვრება და უწყება ბაგრატონიანთა tskhovreba da utsqeba bagratonianta XI æнус Сумбат Давитисдзе VI æнус — 1031
Лаша Гиоргийы рæстæджы азгæйфыст ლაშა-გიორგის დროინდელი მატიანე lasha-giorgis droindeli matiane 1223 аз Гиорги-паддзахы историк 1125-1223
Паддзахиуæггæнджыты истори æмæ кадгæнæн ისტორიანი და აზმანი შარავანდედთანი istoriani da azmani sharavandedtani XIII æнус афтæ хуынд Тамар-паддзахы фыццаг историк 1156-1212
Паддзæхты паддзах Тамары цард ცხოვრება მეფეთ მეფისა თამარისი tskhovreba mepet mepisa tamarisi 1210-1213 Басили Эзосмодзгвари (афтæ хуынд Тамар-паддзахы дыккаг историк) 1184–1210/1213
Сæдæ азы хроникæ ასწლოვანი მატიანე astslovani matiane XIV æнус æнæном автор 1212-1318

Бæлвырдзинад

[ивын | Бындур ивын]

Бирæ нырыккон ахуыргæндтæ, се ’хсæн Иване Джавахишвили, афтæ æнхъæлынц, æмæ «Картлис цховребайы» рагондæр хайттæм гæсгæйæ иртасæг хъуамæ тынг æрæхстджын уа, уымæн æмæ æцæг историон цаутæ дзы баст сты æрымысгæ хъуыдытæ æмæ мифологимæ, æмæ бирæ хатт афтæ вæййы, æмæ историон цау мифологион сфалдыстадæй нæй гæнæн ахицæн кæнын. Фæлæ уæддæр критикон анализ æвдисы, «Картлис цховребайы» фылдæр хай æууæндгæгæнæн кæй у, уый: ацы текстты цаутæн сæ хай æндæр антикон рæстæгы авторты куыстыты дæр æвдыст цæуынц, КЦ йæхæдæг та æвдисы æрмæст Гуырдзыстоны цаутæ нæ, фæлæ йæ сыхæг бæстæты дæр: Ирыстон, Сомихыстон, æппæт Кавказ, Иран, хазартæ æмæ а. д.[1]

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. 1,0 1,1 1,2 1,3 Rapp, Stephen H. (2003), Studies in Medieval Georgian Historiography: Early Texts And Eurasian Contexts, passim. Peeters Publishers, ISBN 90-429-1318-5.
  2. Гаглойти, Юрий Сергеевич. Алано-Георгика : сведения грузинских источников об Осетии и осетинах / Ю. С. Гаглойти. — Владикавказ : ИР, 2007. — 235

Æддаг æрмæг

[ивын | Бындур ивын]