Калидасæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Калидасæ
Райгуырды датæ бæрæг нæу
Райгуырæны бынат
  • бæрæг нæу
Мæлæты бон бæрæг нæу
Мæлæты бынат
  • бæрæг нæу
Архайды хуыз поэт, зарджыты поэт, драматург, фыссæг
Сфæлдыстады азтæ IV—V æнустæ
Жанр эпикон поэмæ[d], лирикон поэзи[d], драмæ[d] æмæ санскритаг драмæ[d]
Уацмысты æвзаг санскрит[1]
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Калида́сæ (कालिदास, IAST: Kālidāsa, ома «Ус-хуыцау Калийы фæсдзæуин») уыд рагиндиаг драматург æмæ поэт, фыста санскритыл. Калидасæйы уацмыстæ нымад сты индиаг классикон литературæйы тæмæны символыл. Калидасæйы драмæ «Шакунталæ» сси, Европæйы æвзæгтæм кæй ратæлмац кодтой, фыццаг ахæм скæсæйнаг уацмыстæй иу.

Калидасæйы царды уавæртæ бæрæг не сты, суанг ма йæ царды азтæ ничи зоны. Цардис нæ эрæйы агъоммæ VIII æнусæй нæ эрæйы XI æнусы онг кæддæр. Нырыккон иртæсджытæй фылдæр Калидасæйы цард ахæссынц IV æнусмæ, йæ уацмысты æвзаг æмæ иннæ аххосæгтæм гæсгæ.

Таурæгътæм гæсгæ Калидасæ уыд мæгуыр фыййау, фæлæ йæ къухы бафтыдис принцессæмæ смой кæнын æмæ ус-хуыцау Калийæ поэзийы курдиат райсын.

Уæрæсейы Калидасæйы уацмысты фыццаг тæлмацгæнæг уыдис Николай Карамзин, англисаг æвзагæй уырыссагмæ ратæлмац кодта йæ «Шакунталæ» æмæ ныффыста йæ разныхасы: «Сфылдыстадон цырын канд Европæйы нæ вæййы, фæлæ дун-дунейы алы ран дæр. Адæймаг алкæддæр адæймаг у; алы ран дæр уымæн ис æнкъарæн зæрдæ»[2].

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

Литературæ[ивын | Бындур ивын]

  • Калидаса. Избранное. М., 1956
  • Калидаса. Избранное. Драмы и поэмы. М., 1974
  • Эрман В. Г. Калидаса. М., 1976
  • Калидаса. Рождение Кумары. — В кн.: Классическая поэзия Индии, Китая, Кореи, Вьетнама, Японии. М., 1977
  • Калидаса. Род Рагху (Рагхуванша). СПб., 1996