Перейти к содержанию

Кады Нысан (Цæгат Ирыстон)

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Республикæ Цæгат Ирыстон — Аланийы майдантæ «Ирыстоны Намысæн» æмæ «Кады Нысан» нымад сты уæлдæр паддзахадон хæрзиуджытыл.

Майдан «Кады Нысан»-æй адæмы хорзæхджын кæнынц, адæмы цард бæлвырд фæхуыздæр кæныны фадат кæй фæрцы уыд, паддзахадон, куыстадон, зонадон-иртасæн, социалон-культурон, æхсæнадон æмæ хæрзаудæн архайды уыцы стыр æнтыстдзинæдты, дæсны кадртæ цæттæ кæныны, рæзгæ фæлтæр хъомыл кæныны, стæй закъонад æмæ барадон фæтк хъахъхъæныны хъуыддагмæ æвæрæн бахæссыны тыххæй.

РЦИ – Аланийы майдан дарынц риуы галиу фарсыл, æмæ адæймагмæ Уæрæсейы Федерацийы æмæ ССР Цæдисы ордентæ æмæ майдантæ кæд ис, уæд æй бафидар кæнынц уыдоны фæстæ.

Майдантæ дæттыны фæтк бæлвырд кæны Республикæ Цæгат Ирыстон — Аланийы закъон «РЦИ — Аланийы паддзахадон хæрзиуджыты тыххæй».