Кæфхъуындар

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Кæфхъуындар Уэльсы тырысайы

Кæфхъуындар (уырыс. дракон[1]) у иуæй-иу мифологион уæвджыты иумæйаг ном.

Ирон мифологи[ивын | Бындур ивын]

Кæфхъуындар у ирон аргъæутты персонаж, æвирхъау æрдæгкалмхуыз цæрæгой. Кæфхъуындар хъахъхъæны дæттæ æмæ цадты, у се ’лдар. Адæмы донмæ уадзы æрмæстдæр уæд, æмæ йын æрвылаз бæрæг рæстæджы нывондæн куы дæдтой æрыгон рæсугъд чызг кæнæ рæсугъд лæппу, уæдмæ фæзыны аргъауы хъайтар, лæгæй-лæгмæ тохы амары Кæфхъуындары æмæ адæмы фервæзын кæны уæззау хъалонæй.

Кæс ноджы[ивын | Бындур ивын]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Абайты Васо. Ирон æвзаджы историон-этимологион дзырдуат. I том. ССРЦ-ы Зонæдты Академийы рауагъдад. Мæскуы-Ленинград, 1958.