Кæнгæ дур

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Кæнгæ дур — нывæфтыд зæрдылдарæн амад дур-цырт, ныв сыл кодтой алыхуызон фыстытæ, цардуаджы дзаумæттæ (мигæнæнтæ), уæлæдарæс, фæлындæнтæ, хæцæнгарз, бæх æмæ æнд.ах., ома, рагзаманты мардимæ зæппадзы кæнæ ингæны цыдæриддæр æвæрдтой, уыцы предметты хуызтæ. Ирыстонæн йæ фæзбæсты æмбæлынц зианы къуыпнывтæ кæуыл ис, ахæм цыртдзæвæнтæ. Нывæфтыд цыртытæ аразыны зынгæдæр дæснытæ уыдысты Заманхъуйлаг нывæфтауджытæ, цыртытæ кæнынмæ сæм цыдысты Ирыстоны бирæ хъæутæй.[1]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Дзадзиты А., Дзуццаты X., Хъараты С. Ирон адæмы этнографи æмæ мифологи. Цыбыр дзырдуат. Дзæуджыхъæу. 1994. — 284 с.