Инкотермс

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Инкотермсы æхсæнадæмон комитеттæ кæмыты архайынц, уыцы стонтæ

Инкоте́рмс (англ. Incoterms, International Commercial Terms) — æхсæнадæмон уагæвæрд паддзахадон оргæнтæй, юридкион компанитæй æмæ ’нæхъæн дунейы коммерсанттæй нымад, куыд æхсæнадæмон уæййагады ’ппæты архайгæдæр терминты æмбарынкæнынад, дзырдуаты формæйы, кæцы æмхуызон æмбарын кæны æппæт арæхдæр дзургæ сæудæджерон терминтæ æддæгон уæййагады, уæлдайдæр та йæ хай франко — бæрнад уæйгæнæгæй, кæм ахизы æлхæнæгмæ, уыцы ран.

Уагæвæрдтæ фыццаг мыхуыр уыдысты 1936 азы, Æхсæнадæмон базарадон палатæйæ, йæ фыццаг редакци хуынди «Инкотермс-1936». Барæстытæ æмæ йæм бафтыдтæ уыдысты фæстæдæр конд, 1953, 1967, 1976, 1980, 1990, 2000, 2010 æзты.

Сæргæндтæ[ивын | Бындур ивын]

Инкотермс иронау

Алы базонæн термин у æртæдамгъон æббревиатурæ, фыццаг дамгъæ амоны тæпп, хæстæ уæйгæнæгæй кæм ахизынц æлхæнæгмæ:

  • E — арвитæны бынатæй (departure).
  • F — бындурон фæласты арвитæн-терминалтæй, бындурон фæласт фыст нæу (англ. main carriage unpaid).
  • C — бындурон фæласты æрцыды-терминалтæй, бындурон фæласт фыст у (англ. main carriage paid)
  • D — æлхæнæгмæ, æххæстаргъ фæхæццад (англ. arrival).

Инкотермс-2010-ы сты нысангонд 11 термины, кæдонæй 7 бæззынц бындурон фæласты алыхуызон транспортæн дæр.

1. EXW (англ. ex works, франко-æфтауцуат, франко-завод): товар æлхæнæгæй истæуы уæйгæнæджы æфтауцуатæй, бадзырды фыст куыд у. Экспортон фиддонтæ банымайдæуынц æлхæнæджы номыл.
2. FCA (англ. free carrier, франко-фæласæг): товар баластæуы закъазгæнæджы сæйраг фæласæгмæ, бадзырды цы арвитæны терминал ис хуынд, уырдæм. Экспортон фиддонтæ банымайдæуынц уæйгæнæджы номыл.
3. CPT (англ. carriage paid to...): товар баластæуы закъазгæнæджы сæйраг ласæгмæ, бадзырды цы æрцыды-терминал хуынд ис, уырдæм. Бындурон фæласт (перевозка) бафыстæуы уæйгæнæгæй. Фæдзæхстады хæрдзтæ фыстæуынц æлхæнæгæй, товары импортон ратъаможнæ скæнын æмæ йæ бахæццæ кæнын сæйраг фæласæджы ’рцыды-терминалæй, скæнгæуы æлхæнæгæй.
4. CIP (англ. carriage and insurance paid to…): CPT-йы хуызон, фæлæ бындурон фæласт фæдзæхстæуы уæйгæнæгæй.
5. DAT (англ. delivered at terminal):бадзырды нысангонд импортон тъаможнæйы терминалмæ бахæццад у фыст, ома экспортон фидинæгтæ æмæ бындурон фæласт, йемæ ма фæдзæхстад, фиды уæйгæнæг; импорт та тъаможнæйы асыгъдæг кæнын æмбæлы æлхæнæгмæ.
6. DAP (англ. delivered at point): товарты бадзырды нысангонд ранмæ бахæццад, стæй импортон æмæ бынæттон фиддонтæ æлхæнæгæй фыстæуынц.
7. DDP (англ. delivered duty paid): товар бахæццæуы закъазгæнæгæн йæ бадзырды снысангонд ранмæ, алы фиддонтæй æмæ рискъæй сыгъдæггонд æрцыдæй.

Ноджы ма Инкотермс-2010-ы нысанггонд сты 4 термины, кæдон хауынц æрмæстдæр денджыз-транспортмæ æмæ территориалон дæтты транспортмæ:

1. FOB (free on board): товар æлхæнæджы наумæ уæзæвæрд æрцæуы, йæ рацырхист иу ласæнæй иннæмæ фиды уæйгæнæг.
2. FAS (free alongside ship): товар æлхæнæджы наумæ баластæуы, бадзырды хуынд вæййы авгæнæн порт, рацырхист æмæ бавгæд фиды æлхæнæг.
3. CFR (cost and freight): товар баластæуы бадзырды æлхæнæгæй снысангонд портмæ, бындурон фæласты фæдзæхстад, товары равгæнын æмæ рацырхын - фиды æлхæнæг.
4. CIF (Cost, Insurance and Freight): CFR-ы хуызон у, фæлæ бындурон фæласт фæдзæхстæуы уæйгæнæгæй.