Ингур
Внешний вид
| Ингур | |
|---|---|
| ენგური | |
Ингуры ком (Сари) | |
| Кæм кæлы | Гуырдзыстон, Абхаз |
| Донæфтæн | Сау денджыз |
| Дæргъ | 213 км |
| Бассейны фæзуат | 4060 км² |
| Гуырæны бæрзæнд | 2614 м |
| Донæфтæны бæрзæнд | 0 м |
| Доны хардз | 170 м³/с |
Ингур[1] (абх. Егры, гуырдз. ენგური Энгури, мегр. ინგირი Ингири) у цæугæдон Фæскавказы. Ингур кæлы Гуырдзыстон æмæ Абхазы. Йæ донæфтæн у Сау денджыз. Йæ дæргъ у 213 километры.
Ингуры бындурон фæрсагдæттæ сты Адишисчъала, Халдечъала, Мулхра, Долрачъала, Тхеиши æмæ æндæртæ.
Цæрæнрæттæ Ингурыл: Анаклиа.

Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Дзагуырты Тембол. Географийы терминон дзырдуат уырыссаг æмæ ирон æвзæгтыл. Цæгат Ирыстоны АССР-ы паддзахадон рауагъдад — Орджоникидзе, 1941.