Имамы мæзджыт
Внешний вид
![](http://upload.wikimedia.org/wikipedia/commons/thumb/e/eb/Shah-Mosque-Esfahan.jpg/250px-Shah-Mosque-Esfahan.jpg)
Имамы мæзджыт (перс. مسجد امام — masjed-e emam), раздæры ном: Сихы мæзджыт — сахар Исфаханы стырдæр мæзджыт. Æрбынат кодта Имамы æхсæнвæзы хуссарварс. Аразын æй райдыдтой 1611-æм азы, кæронмæ арæзт æрцыд — 1641-æмы.
Мæзджыты къултæ фæлыст сты уникалон нывтæй, мозаикæйæ, орнаментæй, араббаг нывæфтыдтæй. Амаддзаджы иумæйаг фæзуат у 20000 кв. м.
Дзылаты бæрзæнд — 42 м, сæйраг куполы та — 52 метры.