Перейти к содержанию

Залгъæд

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Залгъæд
Залгъæд
Зонадон классификаци
Паддзахад: Зайæгойтæ
Хайад: Дидинæгджын зайæгойтæ
Кълас: Дыхайон зайæгойтæ
Къорд: Ericales
Бинонад: Мыдæгхуызтæ
Мыггаг: Фугæ
Хуыз: Залгъæд
Латинаг ном
Rhododendron luteum Sweet
Синонимтæ
  • Azalea pontica L.
  • Rhododendron flavum G.Don
NCBI 49467

Залгъæд[1][2][3], дыгур. дзалгъæдæ[4] (лат. Rhododendron luteum; уырыс. Рододендрон жёлтый) у, фугæйы мыггагмæ чи хауы, ахæм зайæгойты хуыз.

Залгъæды бæрзонд вæййы 2 — 4 метры онг. Йæ дидинджытæ сты бур. Зайы къæдзæхбын зæххыты.

Залгъæд дæтты расыггæнаг мыд, фæлæ зæгъынц, зæгъгæ, уыцы мыдæй ризæгæй рынчын адæймаг куы бахæра, уæд, дам, йæ ризæджы низæй фервæздзæн. Дидинæг æфтауы майы 10 — 14 боны дæргъы. Залгъæд дæтты бирæ мыд. Залгъæды мыд куы базонæм, уæд æй хъæуы стæвд кæнын, цæмæй нæ ма расыг кæна. Куы йæ стæвд кæнæм, уæд йæ марг фесафы. Залгъæды къутæртæ хъæуы куынæг кæнын, уый хъæууон хæдзарады дæр ницы пайда дæтты.[5]

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. М. А. Мисиков. Этнографические сведения об осетинах. — Владикавказ: арвАсин, 2011. — 157 с.
  2. Абайты Васо. Ирон æвзаджы историон-этимологион дзырдуат. IV-æм том
  3. К.П. Попов. Мир растений Северной Осетии — Владикавказ: Ир, 1991 — 231 с
  4. Русско-иронско-дигорский и дигорско-иронско-русский терминологический словарь животного и растительного мира / Составители: Т.А. Тамаев и Б. К. Боллоев. — Владикавказ: Издательско-полиграфическое предприятие им. В. Гассиева, 2006 — 96 с.
  5. Тедеты Хъауырбег. Æххуыс мыдгæсæн. Рауагъдад «Ирыстон», Цхинвал 1979