Елбачитæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Елбачитæ[1][2] кæнæ Елбакитæ[2] (уырыс. Елбачиевы, Елбакиевы, Елбакидзе, Элбакиевы, Элбакидзе; гуырдз. ელბაქიძე[1][2]) сты ирон мыггаг.

Равзæрд[ивын | Бындур ивын]

Елбачитæ цардысты Стыр Леуахийы комы, Гаглойты хъæу Къусджытæм æввахс. Елбачитæй иу лæг, йæ ном Заза йæ мыггаг раивта Гаглойты мыггагæй. Фæстæдæр алыгъд Карелы районмæ æмæ йæ цæуæты дæр ныффыста Гаглойты мыггагыл. Æцæгæй та Елбачитæй уыдысты. Карелы районы цы Елбачитæ цæры, уыдон æрвадиуæг кæнынц Гаглойтимæ, кæд тугæй хæстæг не сты, уæддæр.[3]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. 1,0 1,1 Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъон ирон мыггагон нæмтты тыххæй. Ирон мыггæгты иууон номхыгъд
  2. 2,0 2,1 2,2 Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005, 359 ф.
  3. Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.