Перейти к содержанию

Дыгур (мыггаг)

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Дыгур
Æндæр вариант Дыгуртæ
Равзæрд Тохъайтæ
Кæм цардысты Хъахъхъæдур, Дæргъæвс, Даргъкъох‎

Дыгур[1][2] (уырыс. Дигуровы) сты ирон мыггаг.

Ацы мыггаг уыдысты дыгурæттæ. Уыдысты Тохъайтæй. Цардысты ныры Хæнæзы хъæуы. Ныр дæр ма сæ хæдзары дуртæ уым сты. Хистæртæ куыд дзурынц, афтæмæй 1790 азты фæтуджджын сты Кокайтимæ. Æппынфæстаг æрфысым кодтой Хохы Хъахъхъæдуры. Бадзырдтой кæройнаг хæдзармæ — Дзантиатæм. Радзырдтой сын сæ хабар æмæ сæ Дзантиатæ бауазæг кодтой. Дзантиатæ уыдысты уæздан мыггаг (хъæздыг æмæ дзырддзæугæ). Нал сæ ауагътой дарддæр лидзын, суазæг, сбуц сæ кодтой. Ам сæ, Хъахъхъæдуры, хуыдтой дыгурæттæ, дыгур — кæцæй рацыдысты æмæ цы ’взагыл дзырдтой, уымæ гæсгæ. Иузаманы хъæуы къухы бафтыд уыдоны бынæттон цæрджытыл ныффыссын. Дзантиаты æмæ æндæр мыггæгты дæр фæндыд, цæмæй уыдоныл ныффыстаиккой сæхи, фæлæ не сразы сты.

Хъахъхъæдуры цæрын райдыдтой бынæттонæй, закъонмæ гæсгæ, фæлæ сын уæддæр æнцон нæ уыдис, нæ сын уыди зæхх. Уæд хистæр æфсымæр Муссæ иннæ æфсымæрты фæндмæ гæсгæ фæцыд цæрæнбынат агурынмæ. Æрцыд Джызæлмæ, æрцард Джызæл æмæ Къардоны астæу иу лæгъз фæзы. Ралыгъдысты уырдæм, сарæзтой дзы сæхицæн хæдзар. Ацы ран амард сæ зæронд фыд Тузар. Ног бынаты сæ хъыгдардтой хъазахъхъ. Уæд та Муссæ ацыд ног цæрæнбынат агурынмæ. Арыхъхъытыл ныццыд Кæрдзыны былмæ. Уым уыдис диссаджы хорз цæрæнбынат. Ралыгъдысты та авд æфсымæры ног бынатмæ. Ног бынаты æфсымæртæ байуæрстой æмæ цардысты фæрстæй-фæрстæм суадоны былтыл. Хорз цæрæнбынат кæй у, уый фехъусын кодтой сæ зонгæтæн, хъæубæстæн (Хохы Хъахъхъæдурæн) æмæ сæм лидзын байдыдтой Уртатæ, Дзантиатæ, Саламатæ, Къуыллытæ, Дудиатæ æмæ аннæтæ. Хъахъхъæдурæй ралидзæг кæй уыдысты, уый тыххæй сæ хъæу схуыдтой Быдыры Хъахъхъæдур кæнæ та Даргъ-Къох, даргъ къохы фарсмæ кæй цардысты, уый тыххæй. Уый уыдис 1820-1824 азты, хъæумæ лыгъдис фылдæрæй-фылдæр адæм, уæрстой йæхи цæрджытæ дæр.

1828-1830 азты дзы уыдис 300 хæдзары бæрц. Фæлæ уый æппæт адæмæн нал фаг кодта суадоны дон, бахъуыд та ног бынат агурын. Хъæуæй йæ хуссарæрдыгæй зындис хъæд, фæз, æмæ 1830 азы Хъахъхъæдур ралыгъдысты сæ ныры бынатмæ.[2]

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъон ирон мыггагон нæмтты тыххæй. Ирон мыггæгты иууон номхыгъд
  2. 2,0 2,1 Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.