Перейти к содержанию

Дударатæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Дударатæ

Дударатæ[1] (уырыс. Дударовы) сты ирон мыггаг.

Дударатæ æмæ Слонатæ иу мыггаг сты. Сæ фыдæлтæ: Дудар æмæ Сахъман æрбафтыдысты Асыйæ. Асымæ та, куыд дзурынц, афтæмæй Араббы бæстæй æрбафтыдысты. Сахъман чи у, уый баззади Асыйы. Дудар ацыди Гуырдзыстонмæ. Уым æрбынат кодта, ракуырдта ус, райгуырд ын дыууæ лæппуйы. Лæппутæй иу баззадис уым, иннæ рацыд Дайраны комыл Ларсмæ, æмæ уым æрцарди. Уым ын райгуырд фырт, сывæрдтой йыл ном Дудар. Куы слæг ис, уæд хъаруджын разындис æмæ Арвыкомæн хицаудзинад райдыдта. Дударæн йæ цот Ларсы бакъорд сты. Иухатт Дайраны нарæджы Дудары цот цæуылдæр фæбыцæу сты грекъæгтимæ æви гуырдзыимæ — уый не сбæрæг, æмæ уыдон ныццагътой Дудараты. Аирвæзт ма сæ æрмæст иунæг сылгоймаг. Уый бамбæхст Ларсы лæгæты. Ус уыди сывæрджын. Райсом куы сбон и, уæд лæгæты сæры лæгъзмæ ссыд æмæ уым бафынæй. Хурмæ куы хуыссыди сылгоймаг, уæд йæ гуырдз фыццаг хатт сызмæлди. Афтæмæй йæ хъомгæс баййæфта æмæ йæ ауæй кодта кæсгон æлдарæн, Кæсæджы усæн райгуырди лæппу. Сывæрдтой йыл ном Дудар. Куы бахъомыл ис, уæд æрæздæхт Ларсмæ. Уым цæрынтæ байдыдта. Гъе уыцы Дударæн уыди æртæ фырты — Дзаххотт, Ахмæт æмæ Долæтмырзæ. Дзаххот Ларсы баззад, Ахмæт рацыд Цымимæ æмæ Долæтмырзæйы арвыстой Бæлтамæ, цæмæй Арвыком сæ къухæй ма аирвæза.

Мæхъхъæлы Тъойыхъæуы иу æртиссæдз хæдзары цæры Дударатæй. Сæ кæрæдзимæ зианмæ дæр цæуынц, цинмæ дæр.

Дудараты хонынц Слонатæ дæр, Хуры фырттæ дæр, Хъомгæсы фырттæ дæр сæ хонынц. Хуры фырттæ уымæн, æмæ уыцы сылгоймаг хурмæ кæй бахъарм, æмæ фыццаг хатт уæд кæй сызмæлд йæ гуырдз, уый тыххæй. Хъомгæсы фырттæ та, сылгоймаджы хъомгæс кæй ауæй кодта, уый тыххæй.[1]

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. 1,0 1,1 Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005

Æрвитæнтæ

[ивын | Бындур ивын]