Дордонь (цæугæдон)
Внешний вид
| Дордонь | |
|---|---|
| фр. Dordogne | |
| Характеристикæ | |
| Дæргъ | 490 км |
| Бассейны фæзуат | 24 000 км² |
| Доны хардз | 450 м³/с |
| Цæугæдоны цыд | |
| Гуырæн | Пюи-де-Дом |
| · Бæрзæнд | 1680 м |
| Донæфтæн | Гароннæ |
| Ран | |
| Паддзахад | |
Дордонь (фр. Dordogne, окс. Dordonha) у цæугæдон Францы хуссары. Дон йæ гуырæн исы Централон массивы хæхты, Пюи-де-Санси, курорт-сахар Мон-Доры цур, атæдзы иу-500 км бæрц Францы регионтыл, æмæ Бордойæ цæгатдæр Гароннæмæ бакæлы, дыууæйæ эстуарий Жирондæ скæнгæйæ.
Дордонь у æрбафæйлыд æмæ афæйлыд кæмæн вæййы, ахæм стæм цæугæдæттæн сæ иу. Йæ тæрф у рæсугъд æмæ райдзæст адæмæн, уый тыххæй дзы у хæрзпарахат туризмы индустри.
Дордоныл амад департаменттæ æмæ сахартæ:
- Пюи-де-Дом: Мон-Дор, Ля Бурбуль
- Канталь
- Коррез: Аржанта, Бор-Леэ-Оре
- Лот: Суйак
- Дордонь: Сарла, Бержерак
- Жирондæ: Сент-Фуа-ла-Гранд, Либурн
Дордоны фæрсагдæттæ:
- Марон
- Сер
- Везер
- Иль