Перейти к содержанию

Долидзе, Виктор Исидоры фырт

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Виктор Долидзе
гуырдз. ვიქტორ ისიდორეს ძე დოლიძე
Иумæйаг информаци
Гуырæн ном гуырдз. ვიქტორ დოლიძე
Райгуырды датæ 18 (30) июлы 1890
Райгуырæны бынат
Мæлæты датæ 1933-æм азы 24 майы(1933-05-24) (42 азы)
Мæлæты бынат
Ныгæныны бынат
Бæстæ
Професситæ композитор
Жанртæ оперæ
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Виктор Исидоры фырт Долидзе (гуырдз. ვიქტორ ისიდორეს ძე დოლიძე; райгуырдис 1890-æм азы 18 (30) июлы, Озургетийы — амардис 1933-æм азы 24 майы, Тбилисы) уыдис советон гуырдзиаг композитор.

Виктор Долидзе райгуырдис Кутаисы губернæйы сахар Озургетийы, мæгуыр зæхкусæджы бинонты ’хсæн. Ахуыр кодта Тифлисы коммерцион училищейы. 1910-æм азы мандолинæйæ цæгъдджыты ’хсæн конкурсы райста фыццаг преми.

Училище каст куы фæцис, уæд бацыдис Киевы коммерцион институтмæ æмæ ма уыциу рæстæг райдыдта ахуыр кæнын музыкалон училищейы (скърипкæ æмæ композицийы кълæсты). 1917-æм азы каст фæцис училище æмæ сыздæхтис Гуырдзыстонмæ. Уæдæй фæстæмæ йæ цард баст уыдис айдагъ музыкæимæ.

Виктор Долидзе у къорд оперæйы автор. Уыдоны ’хсæн:

  • фыццаг гуырдзиаг комедион оперæ «Кето æмæ Котэ» (1919; либретто ныффыста Долидзе йæхæдæг А.А. Цагарелийы комеди «Ханумæ»-мæ гæсгæ);
  • æнæфæуд ирон оперæ «Замирæ» (1930, скъуыддзæгтæ);
  • симфони «Азербайджан» (1931–1932);
  • фантази «Ивериадæ» (1925);
  • марш «Нарты бæсты»;
  • фараст романсы;
  • обработки — осетинские народные песни и пляски в собственной записи.

Виктор Долидзе амардис 1933-æм азы 24 майы Тбилисы.

Долидзе æмæ ирон музыкалон культурæ

[ивын | Бындур ивын]

Виктор Долидзе зынгæ хай бавæрдта ирон музыкалон культурæйы рæзтмæ. Уый æрæмбырд кодта, нотæтæй ныффыста æмæ раиртæста 200 ирон адæмон зарæгæй æмæ кафæн цагъдæй фылдæр. Цы стыр æрмæг бамбырд кодта, уымæй инструментовкæгонд æрцыдысты 36 зарæджы æмæ кафæн мелодийы. Уыдон ма арæх цагътой Дзæуджыхъæуы æмæ Тбилисы арæзт концертты.

Библиографи

[ивын | Бындур ивын]
  • Музыкальный энциклопедический словарь. М. 1990;
  • Алборов Ф. Ш. Музыкальная культура осетин. Владикавказ. 2004. С. 21–23.