Дзуттæгаты Хъазыбег

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Дзудтæгаты Хъасболаты фырт Хъазыбег (1945 — 2009) у Ирыстоны æмæ Кæсæг-Балхъары театралон режиссёр. Радта тынг стыр бавæрд цы Ирыстоны театралон аивадæн, цы Кæсæг-Балхъары.

Цардафыст[ивын | Бындур ивын]

Райгуырдис 1945-æм азы Цæгат Ирыстоны Хуымæллæджы хъæуы. Йæ гыццыллæй театр йын уыди стыр фырмонц, скъолайы ахуыр кæнгæйæ ма йæ тырнындзинад хаста уыцы проффесимæ ’мæ кæй зæгъынъй хъæуы, йæ хъæдых характеры тыххæй бахауди ГИТИС-мæ. Институты ахуыры фæстæ царди æмæ куыста Налцыччы. 1988-æм азы 1 апрелы байгом кодта драматикон театр — «Коврик», ацы театр бауарзтой тынг бирæ адæм æмæ суанг Мæскуйæ ’мæ фæсарæнтæй[1] цыдысты, сæ пьесæтæм. 2006-æм азы «Коврик» сыхгæдтой, æмæ дыууæ азы куыста Хъайсын Кулиевы номыл Балхъары паддзахадон театры. Дыууæ сезоны бæрц бакуыста Цæгат Ирыстоны Тæбæхсæуты Балойы номыл паддзахадон ирон театры дæр, йæ сæйраг куыст та уыди Хуыгаты Георы пьесæ «Сау нымæт».

Æддаг æрмæг[ивын | Бындур ивын]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]