Перейти к содержанию

Дзугаты Георги

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Дзугаты Георги
Райгуырды датæ 1911-æм азы 28 мартъийы(1911-03-28)
Райгуырæны бынат Дзомагъ
Мæлæты бон 1986
Æмбæстонад (дæлхицауад)
Архайды хуыз поэт
Уацмысты æвзаг ирон
Хорзæхтæ
орден «Кады Нысан»

Дзугаты Георги (райгуырдис 1911-æм азы Дзугатыхъæуы — амардис 1986-æм азы) — ирон поэт æмæ фыссæг, æхсæнадон архайæг.

Цардафыст

[ивын | Бындур ивын]

Дзугаты Георги райгуырдис 1911 азы Дзомагъы комы, Дзугатыхъæуы. Йæ фыд – Дзугаты Хасæхъо, йæ мад – Плиты Асинет. Уыдонæн уыди авд хъæбул – цыппар лæппу æмæ æртæ чызг.

1923-æм азы Дзомагъы хъæуы бакодтой райдиан скъола, цыран Георги стырæй райдыдта ахуыр кæнын (12 аздзыдæй). Хъæуы скъолæйы каст фæуыны фæстæ уый йæ ахуыр адарддæр кодта Сталиниры педтехникумы, кæцыйы 1935 азы каст фæци. Уый фæстæ кусын байдыдта газет «Коммунисты» (стæй «Советон Ирыстоны») редакцийы. Кусыны параллелонæй уый йæ ахуыр адарддæр кодта Сталиниры пединституты æвзаг æмæ литературæйы факультетыл. Институты каст фæуыны фæстæ уый ноджы газеты редакцийы фыстæджыты хайады хистæрæй куыста, фæстæдæр та – бæрнон нымæрдарæй куыста.

1939-æм азы Дзугаты Георгимæ æрсидтысты æфсадмæ. Æмæ йæ æфсадæй 1941 азы арвыстой Стыр Фыдыбæстæйон хæстмæ. Уым уæззау цæфæй поэт бахаудта знаджы къухмæ. Уацарæй Георги ралыгъдис æмæ фæстæмæ йе фсæддон хаймæ æрцыди.

1945 азы, ноябры мæйы демобилизацийы рацыдис. 1946 азæй уый кусын райдыдта журнал «Фидиуæджы» редакцийы, литретурон редакцийы къухдариуæгæй. Уый фæстæ Георги бирæ азты дæргъы фæкуыста журналы редакторæй.

Сфæлдыстад

[ивын | Бындур ивын]

Æмдзæвгæтæ фыссын Георги скъолайы ма куы ахуыр кодта уыцы заманы райдыдта. Уымæн мыхуыры рацыд æмдзæвгæты æмæ радзырдты бирæ æмбырдгонд. 1938 азы латинаг алфавитыл мыхуыры рацыд йæ фыццаг чиныг «Хуры тын». 1954 азы та – йе мдзæвгæты æмæ поэмæты æмбырдгонд «Уацмыстæ». 1956 азы мыхуыры рацыд сабитæн аргъæуттæ æмæ радзырдты æмбырдгонд. Уыцы азы рацыд йæ поэтикон æмбырдгонд «Хæлæрттæ». 1957 азы Дзугаты Георги мыхуыры рауагъта ирон таурæгъты æмбырдгонд. Ноджы цалдæр æмбырдгонды: «Зæрдæйы дæгъæл» (1959 аз); поэмæтæ, радзырдтæ, роман «Карды комыл» (1964 аз); «Сыгъзæрин суадон», 1961 азы мыхуыры рацыд Георгийы æмдзæвгæты æмбырдгонд «Æвзæрст уацмыстæ». 1970 азы рацыд «Мæйрухс æхсæвтæ». 1979 азы мыхуыры рацыд йæ поэмæ «Цæргæсы хæтæнтæ». Уыцы азы ма рацыд йæ поэтикон æмæ прозаикон уацмысты æмбырдгæндтæ æмæ бирæ æндæр.

Дзугаты Георгийы фыссæнмæ хауы бирæ æмдзæвгæ æмæ радзырд сабитæн, кæцытæ хицæн чингуытæй сты мыхуыргонд. Йæ уацмысты æртæ томæй мыхуыры рацыд 1971 азы. Ацы æртæ томмæ хаст ис уый æппæты хуыздæр уацмыстæ. Дзугаты Георгийы уацмыстæ тæлмац сты æндæр æмæ æндæр æвзæгтыл, се хсæн гуырдзиаг æвзагыл дæр – роман «Сыгъзæрин суадон», поэмæ «Цæргæсы хæтæнтæ», лирикон æмдзæвгæтæ æмæ радзырдтæ сабитæн.

Дзугаты Георгийы æмдзæвгæтæ гуырдзиаг æвзагыл тæлмац æмæ мыхуыр сты æндæр æмæ æндæр æмбæрдгонды. 2013 азы Тбилисы мыхуыры рацыд Дзугаты Георгийы дыууæвзагон, ирон-гуырдзиаг æмбырдгонд, «Ирон романс». Чиныг сарæзта, разныхас, биографион очерк æм бафтыдта æмæ йæ мыхуырмæ бацæттæ кодта Беппиты Наирæ.

Æддаг æрмæг

[ивын | Бындур ивын]