Перейти к содержанию

Дзимыргом

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Дзимыргом
Дзимыргом
Дзимыргом
Картæ
Дзимыргом (Хуссар Ирыстон)
Дзимыргом

Дзимыргом кæнæ Дзимыр (гуырдз. ჟამური) ис Ирыстоны хуссар хайæн йæ цæгат-хурыскæсæны. Йæ алыварс сты: хурыскæсæнырдыгæй — Хъудыком, Млет; хурныгуылæнырдыгæй — Къара, Цъурта, хуссарырдыгæй — Ломис, Елойтæ, цæгатæрдыгæй — Хъелы æфцæг, Урстуалтæ; цæгат-хурныгуылæнырдыгæй — Гнугъ.

Дзимыр цы зæхх ахсы, уымæн йæ дæргъ у 25 километрæй фылдæр, йæ уæрх — 10 километры. Ам уыдис ахæм хъæутæ: Уæллаг Баджин, Астæуккаг Баджин, Дæллаг Баджин, Горга, Хетъетæ, Тогойтæ, Къора, Пагæтæ, Паркатæ, Дзуат, Дзæццойтæ, Хæтотæ, Гуырцъытæ, Бетъретæ, Цгъойтæ, Сачнатæ, Гæгойтæ, Сыгъд, Мæхъитæ, Мæсгуытæ, Фæрниатæ, Хъасайтæ, Хъулатæ, Хъаратæ, Сланбегтæ, Куыцитæ, Теккойтæ — æдæппæт 25 хъæуæй фылдæр. Куыд хæххон хъæутæ, афтæ стыртæ нæ уыдысты: иуты дзы цардис 4-9 хæдзары, иннæты — 10-15, аннæты та 15-20 кæнæ 23-25 хæдзары. Мыггæгтæ та дзы уыд ахæмтæ: Бедойтæ, Биганатæ, Битъæртæ, Гæгойтæ, Гуырцъытæ, Дзебысатæ, Додотæ, Долеттæ, Къоратæ, Мæхъитæ, Пагæтæ, Паркатæ, Сачнатæ, Фæрниатæ, Хъаратæ, Хъасайтæ, Хъулатæ æмæ Цгъойтæ.

Ахуырады проблемæтæ Дзимыргомы

[ивын | Бындур ивын]

Егъау комбæстæ уыд Дзимыр, фæлæ йæм рæстмæ йæ хъус ничи дардта. Æгæрмæгуыр, райдайæн скъолайæ уæлдæр дзы нæ уыди, нæ рухс, нæ фæндаг. Афтæмæй та ам куыста хъæусовет — фæллойгæнджыты депутатты Дзимыры хъæууон Советы æххæстком. Фæндзайæм азты дæр ма дзы уыд авд коллективон хæдзарады. Колхозтæ стыртæ нæ уыдысты, фæлæ иууылдæр — æфтиагджын. Дзимыргом районы астæумагъз хуыдтой, районмæ фосдарыны продукттæй цы цыд æппæт хъæутæй, уымæн йе ’ртыццаг хай æфтыд Дзимыргомæй. Уымæ гæсгæ йæм хъусдард дæр хъуамæ тынгдæр уыдаид, фæлæ баззад рохуаты. Уымæн уыдис йæхи аххосæгтæ: 40-æм азты дыккаг æмбисы Ирыстоны хуссар хайы цы скъолатæ уыд, уым иууылдæр ахуыр кæнын райдыдтой гуырдзиаг æвзагыл. Дзимырмæ дæр барвыстой иу гуырдзиаджы — Григорий Цхомелидзейы. Уый хъуамæ уыдаид, Цгъойты хъæуы гуырдзиаг æвзагыл цы астазон скъола байгом кæнынмæ хъавыдысты, уый директор. Уымæн районы ахуырады хайад бахæс кодта бынаты ахуыры кары сабиты сбæрæг кæнын, йæхицæн педагогон кадртæ ссарын, стæй та скъолайы агъуыст æмæ а. д.

Дзимыргомы уыцы рæстæг уый бæрц сывæллæттæ уыд, æмæ астазон скъола нæ, фæлæ астæуккаг скъолайы фаг дæр уыдысты. Цгъойты хъæуы æмæ Бетъреты хъæуы сабитæ дæр уыдысты 8-азон скъолайы фаг, уымæй дарддæр ма ацы комбæсты куыста цыппар райдайæн скъолайы. Рæзгæ фæлтæрæн æхсызгон уыд, сæ комбæсты сын кæдæй-уæдæй астазон скъола кæй гом кæнынц, уый. Фæлæ куы базыдтой скъола гуырдзиаг кæй уыдзæн, уый, уæд ныхлæуды нысанæн алыгъдысты æмæ бамбæхстысты. Нæ сæ фæндыд, гуырдзиаг скъола сæм байгом кодтаиккой, уый.

Цхомелидзе районы ахуырады хайадмæ ныххаста ахæм хабар, зæгъгæ, Дзимыргомы сывæллон бынтондæр нæй. Уый адыл цæхгæр алыг комбæсты скъола нæ байгом кæныны фарста. Ничиуал бафарста хъæубæсты, нæдæр колхозы разамонджыты.

Æндæр ахæм хабар ХIХ æнусы дæр æрцыди. 1863-æм азы Цгъойты хъæумæ æрвыст æрцыд Григорий Церетели. 5 октябры уый фыста Ортъеуы хъæуы сауджын С. Канделакимæ, ома, æрæмбырд кодтон фондз ирон сывæллоны æмæ сæ ахуыр кæнын гуырдзиаг æвзагыл, фæлæ нæй гуырдзиаг дамгъуат. Иуæй ирæтты хъæуæн йæ историон ном аивта, иннæмæй ирон сабиты фыццаг къласæй хъавыд гуырдзиаг æвзагыл ахуыр кæнынмæ. Афтæмæй та Æгъуызаты Иуане йæ дамгъуат æмæ райдайæн кълæстæн ахуыргæнæн чингуытæ ирон æвзагыл 1930-æм азы размæ рауагъта. Педагогикæ рагæй-æрæгмæ афтæ домы, цæмæй сабитæ райдайæн кълæсты ахуыр кæной сæхи мадæлон æвзагыл.

Æрмæст иу хорздзинад æрцыд дзимырæгтыл, байгом сæм кодтой райдайæн скъолатæ. Фæлæ уый фаг нæ уыд. Иннæ кæмттау, уыдоны дæр фæндыд, цæмæй сæ сабитæ дарддæр ахуыр кодтаиккой. Фæлæ ууыл нæдæр сæхæдæг, нæдæр районы разамонджытæ фаг нæ батыхстысты, æндæра æппæтиумæйаг ахуыр райсын закъон цы бæстæйы уыд, уым сабитæн райдайæн скъолайæ дарддæр ахуыры бар цæмæннæ уыд?

Дзимыргом рохуаты æрмæст ахуырады къабазы нæ баззад. Ам 1960-æм азты дæр нæма уыд рæстмæ фæндаг, рухс, радио, бастдзинад æмæ а. д.

Цгъойты Дзигойы фырт Харитон цæмæй астæуккаг скъола каст фæуыдаид, уый тыххæй йæ рахау-бахау кæнын бахъуыд бирæ: куы Млеты ахуыр кодта, куы — Икъоты, стæй та — Тбилисы (Калачы). Хуыздæр бон нæ уыд æндæр æрыгон дзимырæгтыл дæр: уыдонæй бирæтæ райдайæн ахуыр иронау истой, астазон — гуырдзиагау, 9 æмæ 10 кълæстæ та — уырыссагау. Иу скъолайæ иннæмæ цæугæйæ сæ-иу алы хатт дæр сбадын кодтой кълас дæлдæр. Ахæм уавæрты скъоламæ цæуын у моралон æмæ физикон æфхæрдæй дæр фыддæр.

Дзимыргом куыд федзæрæг

[ивын | Бындур ивын]

Дзимыр кæй федзæрæг, уымæн йæ аххосæгтæ сты уæлдæр ранымад цухдзинæдтæ, ома, бирæ цæмæйдæрты хъусдардæй иппæрд кæй уыд, уый дзимирæгты æркодта райгуырæн комбæстæй фæлидзынмæ.

Цæмæй ма алыгъдаиккой ацы комбæсты адæм, уый тыххæй районы разамонджытæ æрæджиау, 1960-æм азты райдайæнæй ардæм райдыдтой фæндаг аразын, рухс уадзын. Ацы куыстытæ сæ тæккæ тæмæны куы уыдысты, раст уыцы рæстæджы хицауадæй рацыд ахæм уынаффæ, цæмæй адæм фос мауал дардтаиккой. Бирæ кæмтты адæм сæ царды сæйраг фæрæз фосдарынад кæмæн уыд, уыдон хъæддыхæй рацыдысты ацы уынаффæйы ныхмæ. Дзимыргомы ахæм ничи разынд æмæ районы разамонджытæ уынгæджы кæй нæ фæкодтой. Куы сын сæ фос аслам аргъыл уæй кæнын кодтой колхозæн, куы сын сæм тыхæй байсынæй дæр æртхъирæн кодтой, зæгъгæ, уæлдæр хицауадæй рацæугæ закъон афтæ домы. Дзимирæгтæ дæр ма сæ сæрæн уый зыдтой æмæ бар-æнæбары фæлыгъдысты Цæгат Ирыстоны алы хъæутæм.

Ацы ком кæй федзæрæг, уый у тугтæригъæд хъуыддаг. Ардыгæттæ тынг бирæ уарзтой сæ бæстæ. Уыдоны ’хсæн уыдысты ахæмтæ дæр, кæцытæ-иу алыгъдысты Цæгат Ирмæ æмæ та-иу фæстæмæ æрыздæхтысты, сæ иуæй-иутæ дыгай хæттыты дæр. Уымæн æмæ ам кæд зын уавæрты цардысты, уæддæр ком экологон æгъдауæй у сыгъдæг, йе ’рдзон миниуджытæ, йæ уæлдæф æмæ йæ дæттæ сты, æмбал стæм кæмæн ис, ахæмтæ. Ам лæг æрмæст хъæды халсартæ, зокъотæ, гагадыргътæ фаг куы æрæмбырд кæна, уæддæр сараздзæн йæхицæн цæрыны фæрæзтæ. Йæ алыварс цы кæмттæ ис, уыдонæй бирæтæн нæ уыд фаг уыгæрдæнтæ, хуымзæхх, сæрвæттæ. Дзимыргомы хъæутæй та бирæтæн уыд уыгæрдæнтæ, парахат фезмæлæнтæ. Æрмæст ма сæм хъуыд фæндæгтæ. Дзимырæй 20-22 километры æддæдæр ис иу ком. Ирæй чи сгуырдзы, ахæм мыггæгтæ дзы цæры — Бунтуритæ, Бурдулитæ, Гогичашвилитæ æмæ Сухашвилитæ, ома, Бутатæ, Бурдултæ, Годжыцатæ æмæ Сухитæ. Сæ комбæстæ та кæддæр Сыхуат хуынд, фæлæ ранымад адæм сæ мыггæгты аивынимæ иумæ аивтой сæ комы ном дæр, схуыдтой йæ Цхават.

Дзимыргом æмæ Хъудыком

[ивын | Бындур ивын]

Дзимыргомæн йæ сыхаг кæмттæй æнгом æмæ хъæрмуддæр ахаст уыд Хъудыкомы адæмимæ. Уымæн æмæ ам дæр, Дзимыргомау, цæрджыты зынгæ хай уыдысты Тæгайы байзæддаг — Цгъойтæ, Сачнатæ, Гуырцъытæ. Кæрæдзимæ кастысты хионты, æрвадæлты, хæрæфыртты, мадырвадæлты æмæ адджын сыхæгты цæстæй. Сæ хæстæгдзинады тыххæй фыста Калойы-фырт йæ историон-этнографион чиныг «Ирæттæ»-йы.

Дзимыргомы æрдзон уавæртæ

[ивын | Бындур ивын]

Ацы комæн йе ’рдзон уавæртæ, йæ экологи, йæ суардæттæ фадат радтаиккой ам балнеологон курорттæ, фæлладуадзæн хæдзæрттæ, зымæгон спортивон хъæзтыты базæ саразынæн, фæлæ, хъыгагæн, æппæт уыдæттæ дзæгъæлы фесты, рохуаты баззадысты Дзимиргомæн йæхиау. Ам ис суар доны цыппар хуызы — цыппар суар. Уыдонæй иу Баджины суар хаст у Сырх чиныгмæ дæр. Суткæмæ йе ’фтиаг у 180000 литры. Иннæ æртæ — Гуырцъыты, Тогойты æмæ Цгъойты суæрттæ — афтæ стыртæ кæд не сты, уæддæр уыдон дæр бæззынц. Уымæй уæлдай ма Къорайы ис сондоны дон, комбæстæн йæ дæллаг кæронмæ æввахс та ис сæрнизæй хосгæнæн дæттæ.

Дзимыргомы зайынц æхсынкъмарæн, фыцгæйæ хæрынæнбæзгæ цил, фугæ, саунæмыг, цъуй, дзæгъæлдзу, уагъылы, малусæг, мыртгæ, пысыра, хæрыны хъоло, нæууы, хъæды æмæ хомæйхæргæ зокъотæ, бирæ хъæддаг халсартæ æмæ гагадыргътæ.

Дзимыргомы бынæтты нæмттæ сгуырдзиаг куыд сты

[ивын | Бындур ивын]
Хъелы цад

Гуырдзы амы бынæттыл сæвæрдтой йæхи нæмттæ ирон нæмтты бæсты: Дзимыры схуыдтой Жамури, Цгъойты хъæуы — æртæ номæй: Цъин, Цъинсопели, Цугуанткъари; Куыцырты (Куыцыриты) — Косиани; Мæсгуыты — Цихилеби; Черзезты — Черкезани; БаджиныБашни; Сыгъды — Скъида; ХъудыкомыКудикимо; Дзуаты — Дзуаткъари. Иу хъæу та дзы Къибихани схуыдтой, афтæмæй Дзимыргомы ахæм хъæуы никуы уыд рагæй-æрæгмæ.

Уымæй дарддæр ма а комбæсты æрдзы рæсугъддзинадæй æмæ историон æгъдауæй цымыдисаг цыдæриддæр уыдис, уыдоныл дæр та-иу сæхи нæмттæ авæрдтой, цыма æрдз æмæ историон цыртдзæвæнтæн дæр «се ’мдзуарджын» уыдысты, уыйау. Хъелы цады уыдон схуыдтой Хъелис тъба, историон æмæ динон фидар гæнæхты ансамбль Бериты сыхы — Берцих, Дзимыры рагъыЛомис-Алеуы рагъ, Иры рагъыХарули.

Дзимыры æрдзы фидауцджын цад нæхирдыгонау Хъелы цад уымæн хуынд æмæ ис бæрзонд ран — 2920 метры бæрзæндæн. Ахæм бынæтты куыд нæхимæ, Дзимыры, афтæ нæ сыхаг кæмтты дæр хонынц Хъел, ома, бæрзонд ран. Зæгъæм, уæлвæзæн хурыскæсæнырдыгæй цы рæсугъд дзуар ис, уый бынæттон адæм хонынц Хъилы Уастырджи. Цы рагыл ис, уый — Хъелы æфцæг, фæзгонд кæм ахаста, уый та — Хъелы фæз. Цы дардыл дзурын, Дзимыргомæй Хъудыкомы ’хсæн цы рагъ ис, уый хонынц æмæ хуыдтой Дзимыры рагъ. Уымæн йæ райдайæн ис Дзимыры зæххыл — Паддзахы Мус (Арагуийы æлдар сабиты кæм банай кодта, уым). Уый хуссарырдæм ацыд иу-дыууæ километры Дзимырæн хурыскæсæнырдыгæй йæ рæзты. Уый фæстæ ныххæццæ Ломисмæ. Гуырдзиаг географ Вахушти рагъыл цæмæдæр гæсгæ сæвæрдта Ломис-Алеуы рагъ. Афтæмæй та рагъæн йæ рæсугъд бынæттæ, стæй йæ райдайæн дæр Дзимыры зæххыл ис.

Гуырдзыйæ иу хæдæвзæрд ахуыргонд Топчишвили комкоммæ загъта: «Дзимыр (Жамури) гуырдзиаг регион кæй у, ууыл æрмæст ацы комæй рацæугæ рагон гуырдзиаг мыггаг — Жамрели дæр у дзурæг». Жамурели кæй хонынц, уыцы мыггаг æцæгæй та Битъæрты мыггаг у. Уыцы мыггагæй кæйдæрты бахъуыд Дзимырæй Куртамæ, Икъот æмæ Цъирколмæ алидзыны тыххæй сæ мыггаг фæивын.

Уыцы хъæутæм куы ныццыдысты, уæд сын радтой ног мыггæгтæ: Куртайы хъæу — Жамурели, Икъот æмæ Цъиркол — Осишвили. Уæдæ Жамурели кæд рагон мыггаг ссис, уæддæр Битъæрты мыггагæй рагондæр нæу, гуырдзиаг та бар-æнæбары ссис.

Дзимыргом истори æмæ литературæйы

[ивын | Бындур ивын]

Дзимыргом æмæ йæ адæмыл цæстуарзон ныхас загъта нæ куырыхон фыссæг Гæдиаты Секъа. Уый æрмæст йе сфæлдыстадæй нæ, фæлæ ма йæ миддуне æмæ зæрдæйæ дæр æнгом баст уыд Дзимыргомимæ. Секъа зæрдæбынæй уарзта йæ сыхаг комбæстæ æмæ йыл бирæ зæрдæмæхъаргæ поэтикон рæнхъытæ дæр ныффыста.

Историон зонæдты кандидат Дзаттиаты Руслан, Дзимыргомы историон цыртдзæвæнтыл дзургæйæ, фыссы: «Дзимырæн йæ мæсгуытæ æрдæгхæлдæй дæр рæсугъд æмæ цымыдисаг сты». Æрмæст Бериты сыхы мæсгуытæ сæхæдæг æнæхъæн историон фæзынд сты. Тогойты мæсыг — æмбисондхæссæн. Хъасайты мæсыг, Алардыйы мæсыг, Баджины мæсгуытæ — сæ иуæй иннæ рæсугъддæр æмæ фидауцджындæр. Чи сæ фехæлд, уыдоны дæр паддзахы æфсад фыдæнæн ныппырх кодтой, адон нæ ныхмæ сты, зæгъгæ.

Зынгæ ирон поэт Плиты Илья куыста Цгъойты хъæуы райдайæн скъолайы ахуыргæнæгæй. Уый афтæ тынг бауарзта ацы комбæстæ æмæ йыл ныффыста кадæг «Дзимыр». Уым ирд поэтикон æнкъарæнтимæ зæгъы, æз ирон æгъдæуттæ Дзимыры базыдтон, зæгъгæ.