Джиоты Отар
Джиоты Отар | |
---|---|
Райгуырды датæ | 1928-æм азы 16 февралы[1] |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты датæ | 1999[1] |
Бæстæ | |
Альма-матер | |
Хорзæхтæ |
Джиоты Отар (райгуырдис 1928-æм азы Тбилисы — амардис 1999-æм азы) уыдис ирон зонадон кусæг, педагог æмæ философ, философийы зонæдты доктор (1972). Гуырдзыстоны зонæдты академийы уæнг-уацхæссæг (1983 азæй). Аккагдзинады ордены кавалер (1998).
Цардафыст
[ивын | Бындур ивын]Джиоты Отар райгуырдис 1928-æм азы 16-æм февралы Тбилисы. 1945-æм азы каст фæци Тбилисы нæлгоймæгты 19-æм скъола æмæ йæ ахуыр адарддæр кодта Тбилисы паддзахадон университеты философийы факультеты. 1949-æм азы уый раивта Мæскуыйы Ломоносовы номыл паддзахадон университеты философийы факультетмæ æмæ йæ æнтыстджынæй каст фæцис фæци 1950 азы. Уый фæстæ чыздæхтис Гуырдзыстонмæ æмæ райдыдта кусын Цхинвалы паддзахадон педагогон институты, 1951–1954 азты та, Гуырдзыстоны зонæдты академийы философийы институты аспирант у.
1955–1957 азты Джиоты Отар ногæй кусын райдыдта Цхинвалы паддзахадон педагогон институты — ныр хистæр ахуыргæнæнгæй. 1957 азæй уый Гуырдзыстоны зонæдты академийы философийы институты, нырма кæстæр, уый фæстæ хистæр зонадон кусæгæй уыдис. 1970 азæй йæ царды кæронмæ, къухдариуæг кодта институты историон материализмы хайадæн, кæцы Советон дуджы фæстаг заманты арæзт æрцыд культурæйы философийы хайадæй.
Джиоты Отар 1957 азы бахъахъхъæдта кандидатон æмæ 1972-æм азы та докторон диссертаци. 1983 азы уый равзæрстой Гуырдзыстоны зонæдты академийы уæнг-уацхæссæгæй. Амардис 1999-æм азы.
Джиойы-фырт у 100 монографи æмæ уацæй фылдæры автор.
Сфæлдыстад
[ивын | Бындур ивын]Джиоты Отары иртасæнты сæйраг къабæзтæ уыдысты историйы философи, историон æнæмæнгдзинады æрдз, культурæйы философи, культурæ æмæ сфæлдыстадон куыст. Йæ сæйраг зонадон куыстытæ раст ацы проблемæты фæдыл уыдысты. Уый зонадон куыстыты лæвæрд у йæ аргументирон цæстæнгастæ историон æнæмæнгдзинады æрдзыл, культурæйы философийыл, культурæйы æмæ философийы æрдæмадыл æмæ æндæр.
Джиоты Отары зондон куысты этапон уыди йæ монографи «Природа исторической необходимости» (1967). Уый нысаниуæгджын иртасæнты иу сæйраг хатдзæг уый у, æмæ йæ хъуыдымæ гæсгæ, историйы объективон закъонæмбæрцады уавæрты дæр адæймаг кæронмæ нæ вæййы бæрæггонд æцæгдзинады каузалон (аххос-фæстиуæгон) детерминацийæ, уымæн æмæ йæ архæйдтыты адæймаг ацы рæстæджы вæййы сæрибар.
Джиоты Отары сфæлдыстадон куысты ма афтæ хъусæрдаринаг у йæ цæстæнгас историйы объективон закъонæмбæрцады уавæрты цавæр ситуацийы æмæ куыд ис гæнæн хъахъхъæд цæуа адæймаджы ахаст æмæ сæрибардзинад. Йæ фæнысангондæй, сæрибардзинад, куыд детерминацийы формæ
Уыцы цауы уый уыдзæн хицæнгонд детерминацийы формæйæ, кæд разындзæн, цæмæй гоймагыл архайын йæ бон у æрмæст материалоны нæ, фæлæ идеалоны дæр. Уæд сæрибардзинад, куыд хæдбардзинад, уыдзæни æцæг сæрибардзинад физикон, материалон детерминацийæ. |
XX æнусы гуырдзиаг философийы актуалон иртасæны предмет сси ренессансы æмæ гуманизмы проблемæтæ. Ацы фарстæйы фæдыл фыссы Джиоты О. йæ дыккаг, нысаниуæгджын монографийы «Материалистическое понимание истории и буржуазная философия» (1974). Ам уый критиконæй æркасти гуманизмы сæйраг идейæтæ æмæ йæ æргъæдтæм XX æнусы европæйаг философийы.
Уый банысангондæй, традицион æмбарынадæй гуманизм адæймаджы æрлæууын кодта дунейы астæу æмæ йæм сидтис уый ссæрибар кæныны æдде, трансцендентон тыхты дæлбариуæгадæй. Гуманизм домдта хæлардзинадыл, амонддзинады æмæ сæрибардзинадыл адæймаджы бары нымадмæ райсыны. Аимæ, алцы сæххæст кæнын домдта æрмæст уыцы бæстæйон нæ, фæлæ ацы бæстæйон дунейы. Кæцы сæйраг у ацы домындзинады сæххæст кæнынæн оптимистонæй цæттæ уæвын.
Джиоты О. зонадон куысты дыккаг æмбисы йæ иртасæн-агуырды сæйраг темæ уыди культурæйы философи, уымæн стыр хайбавæрд ис культурæйы философон хъуыдыйæ, культурæйы æмæ философийы æрдæмадты рабæрæг кæныны. Ауыл ирдæй дзуры ацы æрдæмадæй рапарахатгонд йæ зонадон куыстыты сæргæндтæ: «Культурæйы проблемæ марксистон философийы» (1975), «Культура как творчество» (1979), «Культура и человеческое бытие» (1980) «Культурæ æмæ адæймаджы цард» (1985), «Цы у культурæ» (1986), «Культурæ æмæ философи» (1983; 2008; Гуырдзиаг æмæ ирон æвзæгтыл) æмæ бирæ æндæр. Культурæйы философийы Джиоты О. зонадон куыстыты ауагъд сæйраг хъуыдытæ аккумулиргонд сты, æцæг чысыл гуырахсты, фæлæ арфбындурон иртасæнты – «Культурæ æмæ философи» (2008). Ацы зонадон куысты хъусæрдаринаг у Джиоты Отары цæстæнгас философийыл, куыд эпохæйы æмæ культурæйы хиæмбарынадыл. Афтæ-ма цымыдисон æмæ хъусæрдаринаг у уый хъуыдытæ дæсныйады, аивадон литературæйы бынатыл иу кæнæ иннæ адæмы хатты удгоймагон царды.
Джиоты Отары хъуыдымæ гæсгæ, культурæ нæу адæймаджы ’рдыгæй кæнгæ (материалон дзаумæтты, аивады æмæ литературон уацмысты, зонадон цæстæнгастæ æмæ æндæр) механикон хаццæг, фæлæ у дунейырдæм, æхсæнады æмæ адæймагæн йæхирдæм адæймаджы ахасты равдисын культурæйы фæзындтæй. Йæ хъуыдыйы сбæлвырд кæнынæн Джиоты О. цæвиттонæн хæссы Мысыры зæппадзтæ æмæ пирамидæтæ. Ацы цыртдзæвæнты зыны уæды рæстæгон египетæгты æрмæст зонадон æмæ техникон гæнæндзинæдты нæ, фæлæ сæ æргъаддзинадон ахастытæ, равдыстытæ, зæгъæм, мæлæты æмæ цæрæнбоныл æмæ æндæр фæзындтыл. Ацы къуымæй уый бæрæг кæны, афтæ-ма, рагон грекъæгты æмæ китайæгты сфæлдыстадон куысты, сæ æргъаддзинадон ахастытæ.
Джиоты Отар бындуронæй уынаффæ кæны адæймаджы, культурæйы æмæ философийы æнæмæнгхъæугæ мидæгон бастдзинадыл. Уый хъуыдымæ гæсгæ, философийæ сафтид культурæ æндæр ницы уыдзæн, куыд удæгасгæнæн идейæтæй цухгонд адæймаджы техникон тырнындзинæдты, зонынады æмæ æмцарддзинады иумæйагдзинад. Йæхирдыгæй культурæйы фæцухгонд философи та, иртæстгонд æмбарынады æнæхъуаджы зилын. Уый фæстаг хатдзæгæй:
Философи, дунеонкасты адæймаджы архайды, йæ царды культурæ, фæлæ адæймаг нæй гæнæн æмæ ма ауда йæ ахасты æмæ йæ царды культурæйыл. |