Джиоты Мурат
Джиоты Мурат | |
---|---|
![]() | |
Райгуырдис |
1955-æм азы 1 октябры (69 азы) |
Ахуырадон къæпхæн | историон зонæдты кандидат[d] æмæ зонæдты кандидат[d] |
Архайд | дипломат[d] |
Хорзæхтæ |
Джиоты Кузьмайы фырт Мурат (райгуырдис 1955-æм азы 1 октябры Бузалайы хъæуы) у Хуссар Ирыстоны ахуыргонд, историон зонæдты кандидат, бирæ азты дæргъы куыста Хуссар Ирыстоны Уанеты Захары номыл зонад-иртасæн институты. Ныртæккæ у Хуссар Ирыстоны æддаг бастдзинæдты министр.
Цардафыст
[ивын | Бындур ивын]Джиоты Мурат райгуырдис 1955-æм азы 1 октябры Дзауы районы Бузалайы хъæуы.
1977-æм азы каст фæцис Хуссар Ирыстоны паддзахадон педагогон институты историон факультет. 1977—1981 ахуыр кодта Мæскуыйы паддзахадон университеты аспирантурæйы. 1981-æм азы бахъæхъхъæдта кандидатон диссертаци.
Уый фæстæ 1989-æм азы онг Джиойы-фырт куыста Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институты. Йæ зонадон интерестæ сты ирон адæмы истори æмæ культурæ, нарты кадджытæ.
1990—1993 уыд Хуссар Ирыстоны парламенты депутат, 1994-æм азæй куыста хицауады. 1999—2001 уыд æвзæрстыты комитеты сæрдар.
2002-æм азæй у æддаг бастдзинæдты министр.
Ис ын бинонтæ, у дыууæ фырты фыд.
Æддаг æрмæг
[ивын | Бындур ивын]- Мурат Джиоев в Лентапедии (уырыс.)