Перейти к содержанию

Джвари (моладзандон)

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Джварийы моладзандон

Джвари (гуырдз. ჯვარი, дзырды тæлмац: дзуар, кырыс) у гуырдзиаг моладзандон æмæ аргъуан къæдхæхрагъыл, Цхетайы цур цæугæдæттæ Къуар æмæ Арагуи кæм баиу вæййынц, уым. Таурæгъмæ гæсгæ уыцы ран сыгъдæг апостолæмсæр Нинæ самадта дзуар. Моладзандон уыцы бынаты æнæмæнг лæууыди VII æнусы райдианмæ.

Джвари, йæ архитектурон формæтæм гæсгæ, у архитектурæйы шедевртæй иу, æмæ Гуырдзыстоны æвдисæйнæгтæй фыццаг ахæм, ЮНЕСКО-йы Дунеон хæзнадонмæ хаст чи æрцыди.

Михаил Лермонтов йæ поэмæ «Мцыри»-йы уыцы моладзандоны кой кæны.