Данте Алигьери
Данте Алигьери | |
---|---|
итал. Dante Alighieri | |
Гуырæн ном | итал. Dante da Alaghiero degli Alaghieri[1] |
Райгуырды датæ | 1265 |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты бон | 1321-æм азы 14 сентябры[1][2] |
Мæлæты бынат | |
Æмбæстонад (дæлхицауад) | |
Архайды хуыз | прозаик, поэт |
Сфæлдыстады азтæ | 1292 — 1321 |
Уацмысты æвзаг | рагон италиаг, латинаг |
Викикъæбицы медиа |
Да́нте Алигье́ри (итал. Dante Alighieri, æххæст ном у Дуранте дельи Алигьери; райгуырдис 1265-æм азы — амардис 1321-æм азы æхсæвы 13-æм сентябрæй 14-мæ) — италиаг поэт, хъуыдыгæнæг, литературон италиаг æвзаджы бындурæвæрджытæй иу, политикон архайæг. Ныффыста «Комеди» (фæстæдæр æй Боккаччойы руаджы райдыдтой хонын «Алæмæттаг» («Божественная»), уым равдыста рагон астæузаманы культурæйы синтез.
Цардафыст
[ивын | Бындур ивын]Флоренцийы
[ивын | Бындур ивын]Бинонты таурæгъмæ гæсгæ, Дантейы фыдæлтæ рацыдысты ромаг Элизейты мыггагæй, уыдон хайад истой Флоренцийы бындурæвæрæрды. Каччагвида, Дантейы фыдæл, иста хайад Конрада III-ы дзуары балцыты (1147—1149) æмæ амард пысылмæттимæ тохы. Каччавидайы банойнаг уыд ломбардиаг бинонтæй Альдигьери да Фонтана. Ном «Альдигьери» фæивта «Алигьери»-мæ; афтæ схуыдтой Каччагвидайы фырттæй иуы. Уыцы Алигьерийы фырт, Беллинчоне, Дантейы фыды фыд, уыд æрвыст Флоренцийæ гвельфты æмæ гибеллинты тохы рæстæджы. Йæ райгуырæн сахармæ раздæхт 1266-æм азы, Манфред Сицилиаг фембылды фæстæ Беневентойы. Алигьери II, Дантейы фыд, куыд зыны афтæмæй нæ иста хайад политикон тохы æмæ баззад Флоренцийы.
Дантейы райгуырæнбон бæлвырд нæу. Бокаччомæ гæсгæ, Данте райгуырдис 1265-æм азы майы. Данте йæхæдæг дзырдта (Комеди, Дзæнæт, 22) æмæ райгуырд Фаззæтты нысаны бын, уый 1265-æм рæстæджы уыд 18 (22)-æм майæ 17 (21) июны онг. Нырыккон ратæдзæнты арæхдæр фыссынц æмæ Данте райгуырд 1265-æм азы майы дыккаг æмбисы. Зындгонд у æмæ Данте аргъауд уыд 1266-æм азы 24 мартъийы Дуранте номæй. Дантейы фыццаг зондамонæг уыд уыцы заманы зангонд поэт æмæ ахуыргонд Брунетто Латини. Данте цы бынаты ахуыр кодта, уый бæлвырд нæу, фæлæ райста парахат зонынæдтæ куыд антикон, афтæ æстæузаманы литерæтурæйы дæр, æрдзон зонынæдты. Зонгæ уыд уæды заманы еретикон ахуырадимæ. Дантейы æввахсдæр æмбал уыл поэт Гвидо Кавальканти. Йæ номыл Данте ныффыста бирæ ’мдзæвгæтæ æмæ пьесæ «Ног царты» фрагменттæ.
Фыццаг хатт Дантейы тыххæй куыд æхсæнадæмон архайæгыл сдзырдтой 1296-æм æмæ 1297-æм æзты, 1300-æм кæнæ 1301-æм азы та йæ равзæрстой приорæй. 1302-æм азы Данте æрвыст æрцыд Флоренцийæ, цы партийы иста хайад (урс гвельфтæ), уыимæ. Никуыуал федта йæ райгуырæн сахар æмæ амард æрвысты.
Æрвысты æзтæ
[ивын | Бындур ивын]Æрвысты æзтæ Дантейæн ацыдысты хæтæны. Уыцы рæстæгмæ уыдис лирикон поэт тосканон поэтты «ног стилы» æхсæн — Чино Пистойæ, Гвидо Кавальканти æмæ æнд. Йæ «La Vita Nuova (Ног цард)» фыстгонд уыд; æрвыст æй сарæзта тызмæг æмæ лæмбынæг. Æрхъавыд йæ «Цæл» («Convivio») ныффыссынмæ, аллегорион-схоластикон фиппаинаг цыппæрдæс канцонмæ. Фæлæ йæ нæ фæцис: ныффыстæуыд дзы æрмæст разныхас æмæ амынд æртæ канцонмæ. Нал фæцис адæмон æвзаджы тыххæй кæнæ дзырдарæхстдзинадыл латинаг трактат дæр («De vulgari eloquentia»).
Æрвысты рæстæджы цадæггай ныффыстæуыдысты Алæмæттаг Комедийы æртæ кантикы. Ривеннийы фæцис Дзæнæт фыст, æмæ Бокаччойы радзырды диссагæй ницы ис, Данте Алигьерийы мæлæты фæстæ йæ фырттæн бирæ рæстæг сæ бон кæй нæ уыд фæстаг æртындæс зарæджы ссарын, цалынмæ, таурæгъмæ гæсгæ, йæ фыртмæ Якопомæ Данте фыны не ’рбацыд æмæ йын нæ загъта, кæм сты. Дантейы хъысмæты тыххæй баззад тынг цъус бæлвырд информаци, æзты ’хсæн йæ фæд сæфы.
1316—1317-æм æзты ’рцардис Равеннæйы. Уырдæм æй ’рхуыдта сахары синьор Гвидо да Полента. Ам, йæ сывæлæтты, æмбæлтты æмæ табугæнджыты ’хсæн фыста Дзæнæты зарджытæ.
Мæлæт
[ивын | Бындур ивын]Сæрды 1321-æм азы Данте ацыд Венецимæ куыд Равеннæйы сæрдары минæвар, цæмæй сабырдзинад бафидар кæна Сыгъдæг Марчы республикæимæ. Фæстæмæ цæугæйæ Дане фæрынчын тæфсæгæй æмæ амард Равеннæйы æхсæвы 1321-æм азы 13-æй 14-æм сентябрмæ. Дантейы баныгæдтой Равеннæйы; Гвидо да Полента йын цы диссаджы рæсугъд мавзолей цæттæ кодта, уый ын нæ сывæрдтой. Нырыккон зæппадз (хонынц ма йæ «мавзолей») сарæзтæуыд 1780-æм азы. Данте Алигьерийы иуыл зындгонд портрет бæлвырдадæй хъуаг у.
Царды æмæ сфæлдыстады хронологи
[ивын | Бындур ивын]- 1265 — райгуырд.
- 1274 — фыццаг фембæлд Беатричеимæ.
- 1283 — дыккаг фембæлд Беатричеимæ.
- 1290 — Беатричийы мæлæт.
- 1292 — таурæгъ «Ног царды» («La Vita Nuova») сфæлдыстад.
- 1298 — ракуырдта Джемме Донатийы.
- 1300/01 — Флоренцийы приор.
- 1302 — æрвæстæуыд Флоренцийæ.
- 1304—1307 — Трактат «Цæл».
- 1304—1306 — трактат «Адæмон дзырдарæхстдзинадыл».
- 1306—1321 — «Алæмæттаг комедийы» сфæлдыстад.
- 1308/09 — Париж.
- 1310/11 — раздæхт Италимæ.
- 1316—1317 — æрцард Равеннæйы.
- 1321 — Равеннæйы минæварæй ацыд Венецимæ.
- Æхсæвы 1321-æм азы 13-æм сентябрæй 14-æм сентябрямæ 1321 — амард Равеннæмæ фæндагыл.
Литературæ
[ивын | Бындур ивын]- Генон Р. Эзотеризм Данте // Философские науки. — 1991. — № 8. — С. 132—170.
- Голенищев-Кутузов И. Н. Данте. — Молодая Гвардия, 1967. — (Жизнь замечательных людей).
- Голенищев-Кутузов И. Н. Жизнь Данте и его малые произведения // Данте Алигьери. Малые произведения. — М., 1968. — С. 419—447.
- Голенищев-Кутузов И. Н. Данте в России ; Данте в советской культуре // Творчество Данте и мировая культура. — М., 1971. — С. 454—486, 487 — 515.
- Голенищев-Кутузов И. Н. Творчество Данте и мировая культура / Под редакцией и послесловием академика В. М. Жирмунского. — Наука, 1971.
- Голенищев-Кутузов И. Н., Хлодовский Р. И. Данте Алигьери // Литература Италии : Литература XIII-XIV вв. / АН СССР; Ин-т мировой лит. им. А. М. Горького. — М. : Наука, 1985. — Т. 3. — С. 51—68. — (История всемирной литературы : в 9 т. ; 1983—1994).
- Данте и всемирная литература. М., 1967.
- Дживелегов А. К. Данте, 1933. — 176 с. (Жизнь замечательных людей)
- Доброхотов А. Л. Данте Алигьери. — М.: Мысль, 1990.- 207, c. — (Мыслители прошлого) ISBN 5-244-00261-9
- Елина Н. Г. Данте. М., 1965.
- Зайцев Б. К. Данте и его поэма. М., 1922.
- Рабинович В. Л. «Божественная Комедия» и миф о философском камне // Дантовские чтения. М., 1985.
- Santagata M. Dante. Il romanzo della sua vita. — Milano: Oscar Mondadori, 2015. — 467 p. — ISBN 978-88-04-63182-8.
Æрвитæнтæ
[ивын | Бындур ивын]- Данте Алигьери. Монархия
- Данте Опера Омниа
- World of Dante
- Божественная Комедия с комментариями Лозинского и иллюстрациями Гюстава Доре on line .RU
- Поэма на русском языке
- Поэма на итальянском и английском языках Архивгонд æрцыдис 29 апрелы 2019 азы.
- DANTE E GLI STUDI DANTESCHI Пильщиков: Аннотированный каталог сетевых ресурсов по Данте и дантоведению
- Создатель «Божественной комедии» обрёл лицо Архивгонд æрцыдис 25 январы 2012 азы.
- Данте Алигьери Архивгонд æрцыдис 26 сентябры 2018 азы.
- Елена Сизова. Фридрих II Гогенштауфен и его династия в зеркале литературы . Историко-искусствоведческий портал "Монсальват". Архив 2011-æм азы 21 августы.
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ 1,0 1,1 1,2 1,3 Dizionario Biografico degli Italiani (итал.) — 1960.
- ↑ Brozović D., Ladan T. Hrvatska enciklopedija (хорв.) — LZMK, 1999. — 9272 ф.
- ↑ 3,0 3,1 Archivio Storico Ricordi — 1808.
- 1265-æм азы чи райгуырдис, уыдон
- Флоренцийы чи райгуырдис, уыдон
- 14 сентябры чи амардис, уыдон
- 1321-æм азы чи амардис, уыдон
- Равеннæйы чи амардис, уыдон
- Зындгонд адæм алфавитмæ гæсгæ
- Фысджытæ алфавитмæ гæсгæ
- Италийы прозаиктæ
- XIII æнусы прозаиктæ
- XIV æнусы прозаиктæ
- Поэттæ алфавитмæ гæсгæ
- Италийы поэттæ
- XIV æнусы поэттæ
- Италийы фысджытæ