Дуймович, Давор
Давор Дуймович | |
---|---|
серб. Давор Дујмовић | |
Райгуырды датæ | 1969-æм азы 20 сентябры[1] |
Райгуырæны бынат | Сараево, Югослави |
Мæлæты датæ | 1999-æм азы 31 майы[1] (29 азы) |
Мæлæты бынат | |
Æмбæстонад | |
Професси | актёр, телеактёр, киноактёр |
Карьерæ | 1984 — |
IMDb | ID 0241131 |
Давор Дуймович (серб. Давор Дујмовић; 1969-æм азы 20 сентябры — 1999-æм азы 31 майы) уыди югославиаг актёр.
Фылдæр зындгонд у, режиссёр Эмир Кустурицайы цы æртæ кинонывы ахъазади, уыдоны фæрцы: Мирза — «Папа в командировке» (1985), Перхан — «Время цыган» (1988) æмæ Бата — «Андеграунд» (1995). Кустурица йемæ базонгæ ис Сараевойы сахары, иу фæндаггæрон кафейы. Даворы фыд, уыцы ранмæ хæстæг цы базар уыди, уым куыста уæйгæнæгæй, лæппу та йын кодта æххуыс. Режиссёр æй æрбахуыдта киноныв «Папа в командировке»-ы ахъазынмæ.
1990-æм азты дыккаг æмбисы Дуймович уыди фыдæмхиц наркотиктæм æмæ киноты нал хъазыди. Фæлæ уыимæ, Баня-Лукæйы сахары цæргæйæ, Дуймович бавæрдта йæ хай ног паддзахады культурон политикæмæ — уый сарæзта, ног паддзахады культурæйæн ахъаз чи кæна, ахæм фонд.
Давор куы фæзиан ис, уæд йæ ном радтой культурон-информацион центрæн Баня-Лукæйы сахары.
Давор Дуймович хи æрцауыгъта дæргъвæтин депрессийы фæстиуæгæн.