Перейти к содержанию

Давид IV Аразæг

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
(Давид IV Амайæг-æй æрвыст)
Давид IV Аразæг
1089 — 1125
Раздæр чи уыд Георгий II[d]
Фæстæдæр Деметре I[d]
Райгуырдис 1073
Амардис 1125-æм азы 8 февралы
Ныгæныны бынат
Гуырæн ном гуырдз. დავით IV აღმაშენებელი
Фыд Георгий II[d]
Мад Елена[d]
Æмкъай Русудан[d] æмæ Гурандухт[d]
Сывæллæттæ Деметре I[d], Тамара[d], Къатъа[d], Зураб[d] æмæ Вахтанг[d]
Дин Гуырдзыстоны растуырнæг еклези[d]
Къухæрфыст Изображение автографа
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Давид IV Аразæг (гуырдз. დავით IV აღმაშენებელი; рагуырд 1073-æм азы — амард 1125-æм азы 24 январы) уыдис иугонд Гуырдзыстоны фæндзæм паддзах 1089—1125 азты, хаудта Багратионты династимæ.

Давид уыдис, Гуырдзыстоны сыгъзæрин дуг (11-13 æнустæ) кæмæй райдыд, ахæм паддзах, æмæ æрæх йæ нымайынц уыцы дуджы иууыл стырдæр æмæ хуыздæр паддзахыл. Йæ хицауиуæджы рæстæджы бантыстис ын турк-сельджукты йæ бæстæйæ асурын, 1121-æм азы Дидгоры тох куы рамбылдта, уый фæстæ. Йе 'фсады æмæ хицауады реформæты руаджы бантыстис ын паддзахад баиу кæнын æмæ Кавказы стыр хайттæ Гуырдзыстоны бын байсын. Аргъуаны æмбал æмæ чырыстон культурæйы парахатгæнæг кæй уыд, уый охыл Гуырдзиаг растуырнæг еклези йæ чырыстон сыгъдæгыл нымайы.

Давид пысылмæттимæ уыд фæразон, æмæ йæ паддзахады пысылмæттæ фылдæрæй-фылдæр куы кодтой, уыдонæй иуæй-иуты кæй хуыдтой «Мессийæйы кард» (арабб. حسام المسيح‎‎) дæр æхцатыл фыст ис.