Гуырдзыстоны мад

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Гуырдзыстоны мады статуй

Гуырдзыстоны мад (гуырдз. ქართლის დედა [картлис деда]) у Гуырдзыстоны сæйраг сахар Тбилисы мидæг монумент, уыцы сахары символтæй иу. Статуйы бæрзæнд у 20 метры.

Монумент сарæзтæуыд Сололакъийы обауы сæр 1958-æм азы, Тбилисы 1500-æм юбилейæн. Йæ автор у Элгуджа Амашукели.

Фыццаг монумент хъæдын уыд, фæстæдæр, 1963-æм азы, хъæдын монументы бæсты сæвæрдæуыд алюминийæй конд. Амашукелийæн радтой 1965-æм азы Шота Руставелийы номыл Гуырдзыстоны ССР-йы паддзахадон преми, «Картлис деда»-йы монумент кæй сарæзта, уый тыххæй.

Статуйæн йæ галиу къухы у сæны къус, ома хæларау чи æрбацыдис, уымæн; йæ рахиз къухы та — кард, знæгтимæ хæцынæн.