Гутнатæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Гутнатæ[1][2], вариант — Гутъынатæ[1] (уырыс. Гутновы, гуырдз. გუთნიაშვილი[2]) сты ирон мыггаг.

Равзæрд[ивын | Бындур ивын]

Гутынатæ Дзывгъисмæ Уæлладжыры комæй æрбалыгъдысты. Уыдон, дам, уыдысты æртæ æфсымæры: Гутын, Тома æмæ Дзанти. Цуаны цыдысты æмæ Дзанти загъта, æз, дам, цæрæнбæстæ ссардтон æмæ уырдæм лидзын. Афтæмæй уый Дзывгъисæй Хъобанмæ алыгъд. Тома дæр загъта: уæдæ æз дæр ссардтон бæстæ æмæ лидзын. Афтæмæй уый та Къорамæ алыгъд. Гутын та Дзывгъисы цæргæйæ баззад.[1]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. 1,0 1,1 1,2 Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.
  2. 2,0 2,1 Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъон ирон мыггагон нæмтты тыххæй. Ирон мыггæгты иууон номхыгъд